-
Райдиан 14:15Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
15 Ӕхсӕвы йӕ адӕмы, ома йӕ цагъарты, къордтыл фӕдих кодта+, ӕмӕ тыхгӕнджытӕм бабырста ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодта, ӕмӕ сӕ фӕстейӕ сырдта суанг Ховӕйы онг. Ховӕ ис Дамаскӕй цӕгатырдӕм.
-
-
1 Паддзӕхты 20:34Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
34 Венадад ын загъта: «Мӕ фыд дӕ фыдӕй цы горӕттӕ+ байста, уыдон дын фӕстӕмӕ ратдзынӕн. Ӕмӕ мӕ фыд Самарийы йӕхицӕн уынгтӕ куыд равзӕрста, афтӕ ды дӕр Дамаскы дӕхицӕн уынгтӕ равзардзынӕ».
Уӕд ын Ахав загъта: «Гъемӕ кӕд афтӕ баныхас кодтам+, уӕд дӕ уадзын».
Уыйадыл Ахав Венададимӕ бадзырд скодта ӕмӕ йӕ ауагъта.
-