Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Паддзӕхты 11:31
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 31 ӕмӕ стӕй Йеровоамӕн загъта:

      «Айс дзы дӕс хайы, уымӕн ӕмӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз Соломоны къухӕй паддзахад ратондзынӕн ӕмӕ дзы дӕс мыггаджы ратдзынӕн дӕуӕн+.

  • 1 Паддзӕхты 12:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Наваты фырт Йеровоам+ та уыцы рӕстӕг уыд Египеты, уымӕн ӕмӕ Египетмӕ алыгъд паддзах Соломонӕй ӕмӕ уым цард,– ӕмӕ уыцы хабар фехъуыста+.

  • 1 Паддзӕхты 12:32
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 32 Ӕстӕм мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бон та скодта, Иудӕйы цы бӕрӕгбон бӕрӕг кодтой, уый хуызӕн бӕрӕгбон+, цӕмӕй, Вефилы цы нывондхӕссӕн скодта, ууыл кувинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хастаид, кӕй сарӕзта, уыцы родтӕн. Уым ма Вефилы+ сӕвӕрдта сауджынты дӕр, цӕмӕй лӕггад кодтаиккой, цы кувӕн бынӕттӕ* сарӕзта, уым.

  • 1 Паддзӕхты 14:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Уый тыххӕй ӕз Йеровоамы хӕдзар бӕллӕхты хай бакӕндзынӕн ӕмӕ Йеровоамы хӕдзары нӕлгоймаджы мыггагӕй иуы дӕр нал ныууадздзынӕн+, фесафдзынӕн се ’ппӕты дӕр, Израилы ӕппӕты ницӕйагдӕр чи у, уый дӕр+. Ӕмӕ фаджыс куыд ахафынц ӕмӕ дзы куыд ницыуал ныууадзынц+, афтӕ ахафдзынӕн Йеровоамы хӕдзар+.

  • 2 Азфыстыты 11:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Левиттӕ сӕ фосы хизӕнтӕ+ ӕмӕ сӕ зӕххытӕ+ ныууагътой ӕмӕ ӕрцыдысты Иудӕмӕ ӕмӕ Иерусалиммӕ+, уымӕн ӕмӕ сӕ Йеровоам+ ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ лӕггадӕй систой+, ӕмӕ Йегъовӕйӕн сауджынтӕй нал лӕггад кодтой.

  • 2 Азфыстыты 13:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Ави хӕстмӕ рацыд, цыппарсӕдӕ мин тыхджын ӕмӕ хуыздӕр хӕстоны кӕм уыд, ахӕм ӕфсадимӕ+. Йеровоам та йын йӕ ныхмӕ гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууын кодта астсӕдӕ мин хуыздӕр хӕстоны, хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕгты+.

  • 2 Азфыстыты 13:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 Ӕмӕ Авийы рӕстӕджы Йеровоам йӕ къахыл афтӕ дӕр нал слӕууыд+. Йегъовӕ йӕ ӕрцавта+, ӕмӕ амард.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын