Дыккаг закъон 28:63 Библи – Ног дунейы тӕлмац 63 Йегъовӕ уын хорздзинӕдтӕ куы арӕзта ӕмӕ уӕ куы бирӕ кодта+, уӕд куыд цин кодта, афтӕ Йегъовӕ цин кӕндзӕн, куы уӕ сафа ӕмӕ уӕ куы цӕгъда, уӕд+. Ӕмӕ цы зӕхх бацахсынмӕ цӕут, уыцы зӕххӕй бындзарӕй тынд ӕрцӕудзыстут+. 1 Паддзӕхты 14:16 Библи – Ног дунейы тӕлмац 16 Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта тӕригъӕды+, уыдоны тыххӕй Хуыцау Израилыл йӕ къух сисдзӕн»+. Оси 1:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Ӕмӕ Йегъовӕ Осийӕн загъта: «Лӕппуйы схон Изреел+, уымӕн ӕмӕ тагъд ӕз, Изреелы цы туг ныккалд, уый тыххӕй Ииуйы+ хӕдзарвӕндагӕй дзуапп ӕрдомдзынӕн ӕмӕ Израилы паддзахадӕн кӕрон скӕндзынӕн+. Амос 5:27 Библи – Ног дунейы тӕлмац 27 Ӕмӕ уӕ ӕз уӕ зӕххӕй Дамаскы фалӕмӕ хауӕггаг фӕкӕндзынӕн“+,– зӕгъы ӕфсӕдты Хуыцау, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, уыцы Хуыцау»+. Михей 1:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Ӕз Самари фестын кӕндзынӕн быдыры хӕлддзӕгты цӕнд+, сӕнӕфсирдон кӕм скӕной, ахӕм бынат. Йӕ дуртӕ йын дӕлвӕзмӕ акалдзынӕн ӕмӕ йын йӕ бындуртӕ разынын кӕндзынӕн+.
63 Йегъовӕ уын хорздзинӕдтӕ куы арӕзта ӕмӕ уӕ куы бирӕ кодта+, уӕд куыд цин кодта, афтӕ Йегъовӕ цин кӕндзӕн, куы уӕ сафа ӕмӕ уӕ куы цӕгъда, уӕд+. Ӕмӕ цы зӕхх бацахсынмӕ цӕут, уыцы зӕххӕй бындзарӕй тынд ӕрцӕудзыстут+.
16 Йеровоам цы тӕригъӕдтӕ арӕзта ӕмӕ Израилы адӕмы дӕр цы хъуыддӕгтӕй бафтыдта тӕригъӕды+, уыдоны тыххӕй Хуыцау Израилыл йӕ къух сисдзӕн»+.
4 Ӕмӕ Йегъовӕ Осийӕн загъта: «Лӕппуйы схон Изреел+, уымӕн ӕмӕ тагъд ӕз, Изреелы цы туг ныккалд, уый тыххӕй Ииуйы+ хӕдзарвӕндагӕй дзуапп ӕрдомдзынӕн ӕмӕ Израилы паддзахадӕн кӕрон скӕндзынӕн+.
27 Ӕмӕ уӕ ӕз уӕ зӕххӕй Дамаскы фалӕмӕ хауӕггаг фӕкӕндзынӕн“+,– зӕгъы ӕфсӕдты Хуыцау, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, уыцы Хуыцау»+.
6 Ӕз Самари фестын кӕндзынӕн быдыры хӕлддзӕгты цӕнд+, сӕнӕфсирдон кӕм скӕной, ахӕм бынат. Йӕ дуртӕ йын дӕлвӕзмӕ акалдзынӕн ӕмӕ йын йӕ бындуртӕ разынын кӕндзынӕн+.