Исай 30:33 Библи – Ног дунейы тӕлмац 33 Тофет*+ дӕр ын ӕвӕрд у, уый цӕттӕ у паддзахӕн+ дӕр. Тофеты сугтӕй арф дзыхъхъ байдзаг кодта. Арт ӕмӕ суг – фагӕй дӕр фылдӕр. Йегъовӕйы улӕфт – сондоны гуылфӕн – цырен кӕны Тофеты арт+. Йереми 7:31 Библи – Ног дунейы тӕлмац 31 Енномы фырты дӕлвӕзы+ чи ис, уыцы Тофеты сарӕзтой кувӕн бынӕттӕ*+, цӕмӕй сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты арты сыгътаиккой+. Афтӕмӕй та сын ӕз уый никуы бафӕдзӕхстон ӕмӕ ууыл хъуыды дӕр никуы акодтон“+. Йереми 19:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 „Уымӕ гӕсгӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕрцӕуы ахӕм бонтӕ, ӕмӕ ацы бынат Тофет+ ӕмӕ Енномы фырты дӕлвӕз+ нал хондзысты, фӕлӕ йӕ хондзысты, адӕмы кӕм марынц, уыцы дӕлвӕз, зӕгъгӕ. Йереми 19:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 ӕмӕ-иу сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Ӕлыг мигӕнӕн куыд ныппырх кӕнынц ӕмӕ йын баныхасӕн куыд нал вӕййы, афтӕ ӕз дӕр ныппырх кӕндзынӕн ацы адӕмы ӕмӕ ацы горӕт+. Ӕмӕ мӕрдты ныгӕндзысты Тофеты+, ӕмӕ дзы ныгӕнынӕн бынат дӕр нал баззайдзӕн“+.
33 Тофет*+ дӕр ын ӕвӕрд у, уый цӕттӕ у паддзахӕн+ дӕр. Тофеты сугтӕй арф дзыхъхъ байдзаг кодта. Арт ӕмӕ суг – фагӕй дӕр фылдӕр. Йегъовӕйы улӕфт – сондоны гуылфӕн – цырен кӕны Тофеты арт+.
31 Енномы фырты дӕлвӕзы+ чи ис, уыцы Тофеты сарӕзтой кувӕн бынӕттӕ*+, цӕмӕй сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты арты сыгътаиккой+. Афтӕмӕй та сын ӕз уый никуы бафӕдзӕхстон ӕмӕ ууыл хъуыды дӕр никуы акодтон“+.
6 „Уымӕ гӕсгӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕрцӕуы ахӕм бонтӕ, ӕмӕ ацы бынат Тофет+ ӕмӕ Енномы фырты дӕлвӕз+ нал хондзысты, фӕлӕ йӕ хондзысты, адӕмы кӕм марынц, уыцы дӕлвӕз, зӕгъгӕ.
11 ӕмӕ-иу сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Ӕлыг мигӕнӕн куыд ныппырх кӕнынц ӕмӕ йын баныхасӕн куыд нал вӕййы, афтӕ ӕз дӕр ныппырх кӕндзынӕн ацы адӕмы ӕмӕ ацы горӕт+. Ӕмӕ мӕрдты ныгӕндзысты Тофеты+, ӕмӕ дзы ныгӕнынӕн бынат дӕр нал баззайдзӕн“+.