Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йереми 25:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Иосийы фырт Иоаким+ цыппӕрӕм аз куы уыд Иудӕйы паддзах, ома Навуходоносор Вавилоны фыццаг аз паддзах куы уыди, уӕд Йеремимӕ Хуыцауӕй ӕппӕт Иудӕйы адӕмы тыххӕй уыди ныхас.

  • Йереми 46:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Египеты+ тыххӕй, фараон Нехойы, Египеты паддзахы+ ӕфсады тыххӕй, Евфраты цӕугӕдоны раз Кархемисы+ чи уыд ӕмӕ, Иосийы фырт Иоаким+ Иудӕйы паддзах цыппӕрӕм аз куы уыд, уӕд Вавилоны паддзах Навуходоносор кӕй ныппырх кодта, уый тыххӕй:

  • Данел 1:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 1 Иоаким+ Иудӕйы паддзах ӕртыккаг аз куы уыд, уӕд Вавилоны паддзах Навуходоносор Иерусалиммӕ ӕрцыд ӕмӕ йын йӕ алыварс йе ’фсӕдтӕ ӕрлӕууын кодта+.

  • Данел 3:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Паддзах Навуходоносор скодта сызгъӕрин гуымиры+. Йӕ бӕрзӕнд уыд ӕхсай ӕлмӕрины*, йӕ фӕтӕн та – ӕхсӕз ӕлмӕрины*. Ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта Деиры дӕлвӕзы, Вавилоны дӕлбар бӕстӕйы+.

  • Данел 4:33
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 33 Уыцы тӕккӕ сахат+ уыцы ныхас ӕрцыд Навуходоносорыл. Адӕмы ’хсӕнӕй йӕ фӕсырдтой, галау райдыдта кӕрдӕг хӕрын ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕртӕх хуылыдз кодта. Ӕмӕ афтӕ уыйбӕрц рӕстӕг рацыд, ӕмӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ цӕргӕсы бумбулитау ӕрдаргъ сты, йӕ ныхтӕ та маргъы ныхты йас систы+.

  • Данел 4:37
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 37 Ныр ӕз, Навуходоносор, кадджын кӕнын ӕмӕ бӕрзонд кӕнын уӕларвон+ Паддзахы, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр сты ӕнӕхӕрам, йӕ фӕндӕгтӕ та – раст+, ӕмӕ йӕ бон у, сӕрбӕрзонд чи у, уыдоны ӕрныллӕг кӕнын»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын