Нымӕцтӕ 35:33 Библи – Ног дунейы тӕлмац 33 Цы зӕххыл цӕрут, уый ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ зӕхх чъизи кӕны тугӕй+. Ӕмӕ зӕхх, цы туг ыл ныккалд, уымӕй ссыгъдӕг кӕнӕн ис, чи йӕ ныккалдта, ӕрмӕстдӕр уый тугӕй+. Дыккаг закъон 19:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 цӕмӕй дӕ зӕххыл, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл ӕнаххос туг ма ныккӕла+ ӕмӕ дыл цӕмӕй туг ма уа+. 2 Паддзӕхты 21:16 Библи – Ног дунейы тӕлмац 16 Манасси Иудӕйы адӕмы тӕригъӕды бафтыдта, ӕмӕ уыдон арӕзтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Манасси уыйбӕрц ӕнаххос туг ныккалдта+, ӕмӕ дзы Иерусалим иу кӕронӕй иннӕмӕ байдзаг уыдаид. Псалом 106:38 Библи – Ног дунейы тӕлмац 38 Калдтой ӕнаххос туг+,Ханааны мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн кӕй хастой,Сӕ уыцы фыртты ӕмӕ чызджыты туг+,Ӕмӕ зӕхх тугӕй счъизи+. Йереми 2:34 Библи – Ног дунейы тӕлмац 34 Стӕй дӕ уӕлӕдарӕсыл ис ӕнаххос мӕгуыр+ адӕмы* тугтӕ+. Уыдоны уый тыххӕй нӕ амардтой, ӕмӕ искӕй хӕдзармӕ бабырыдысты, фӕлӕ сын сӕ туг ссардтон дӕ уӕлӕдарӕсы фӕдджитыл алырдыгӕй+. Йереми 19:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Уыдон мӕ ныууагътой+ ӕмӕ ацы бынат афтӕ скодтой, ӕмӕ йӕ базонӕн нал ис+, стӕй ацы бынаты уагътой нывӕндты фӕздӕг ӕндӕр хуыцӕуттӕн+ – сӕхӕдӕг дӕр, сӕ фыдӕлтӕ дӕр ӕмӕ Иудӕйы паддзӕхтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн. Ацы бынат байдзаг кодтой ӕнаххос адӕмы тугӕй+. Йереми 22:17 Библи – Ног дунейы тӕлмац 17 Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ ӕрмӕстдӕр уымӕ здӕхт сты, цӕмӕй искӕй фӕллойӕ дӕхицӕн мулк кӕнай+, ӕнаххос адӕймаджы туг калай+, сайай ӕмӕ стигъай“.
33 Цы зӕххыл цӕрут, уый ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ зӕхх чъизи кӕны тугӕй+. Ӕмӕ зӕхх, цы туг ыл ныккалд, уымӕй ссыгъдӕг кӕнӕн ис, чи йӕ ныккалдта, ӕрмӕстдӕр уый тугӕй+.
10 цӕмӕй дӕ зӕххыл, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл ӕнаххос туг ма ныккӕла+ ӕмӕ дыл цӕмӕй туг ма уа+.
16 Манасси Иудӕйы адӕмы тӕригъӕды бафтыдта, ӕмӕ уыдон арӕзтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Манасси уыйбӕрц ӕнаххос туг ныккалдта+, ӕмӕ дзы Иерусалим иу кӕронӕй иннӕмӕ байдзаг уыдаид.
38 Калдтой ӕнаххос туг+,Ханааны мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн кӕй хастой,Сӕ уыцы фыртты ӕмӕ чызджыты туг+,Ӕмӕ зӕхх тугӕй счъизи+.
34 Стӕй дӕ уӕлӕдарӕсыл ис ӕнаххос мӕгуыр+ адӕмы* тугтӕ+. Уыдоны уый тыххӕй нӕ амардтой, ӕмӕ искӕй хӕдзармӕ бабырыдысты, фӕлӕ сын сӕ туг ссардтон дӕ уӕлӕдарӕсы фӕдджитыл алырдыгӕй+.
4 Уыдон мӕ ныууагътой+ ӕмӕ ацы бынат афтӕ скодтой, ӕмӕ йӕ базонӕн нал ис+, стӕй ацы бынаты уагътой нывӕндты фӕздӕг ӕндӕр хуыцӕуттӕн+ – сӕхӕдӕг дӕр, сӕ фыдӕлтӕ дӕр ӕмӕ Иудӕйы паддзӕхтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн. Ацы бынат байдзаг кодтой ӕнаххос адӕмы тугӕй+.
17 Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ ӕрмӕстдӕр уымӕ здӕхт сты, цӕмӕй искӕй фӕллойӕ дӕхицӕн мулк кӕнай+, ӕнаххос адӕймаджы туг калай+, сайай ӕмӕ стигъай“.