Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 2 Азфыстыты 24:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Сӕ куыст куы фесты, уӕд ма ӕхцайӕ цы баззад, уый паддзахмӕ ӕмӕ Иодаймӕ ӕрбахастой. Ӕмӕ уыцы ӕхцайӕ скодтой мигӕнӕнтӕ Йегъовӕйы хӕдзарӕн, лӕггад кӕнынӕн ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссынӕн чи хъуыд, уыцы мигӕнӕнтӕ+ ӕмӕ къустӕ+, стӕй сызгъӕрин+ ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ. Ӕмӕ цалынмӕ Иодай ӕгас уыд, уӕдмӕ Йегъовӕйы хӕдзары ӕдзухдӕр хастой судзинаг нывӕндтӕ+.

  • 2 Азфыстыты 36:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары цыдӕриддӕр стыр+ ӕмӕ гыццыл мигӕнӕнтӕ+ уыди, уыдон, Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнатӕ+, паддзахы ӕмӕ йӕ кънйӕзты хӕзнатӕ+ иууылдӕр Вавилонмӕ ахаста.

  • Ездрӕ 1:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты фондз мин цыппарсӕдӕ. Уыцы мигӕнӕнтӕ иууылдӕр Шешбацар+ йемӕ ахаста, Вавилоны уацары+ чи уыд, уыцы адӕмы фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ куы кодта, уӕд.

  • Данел 5:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Валтасар сӕнӕй куы барасыг+, уӕд бардзырд радта, цӕмӕй ӕрбахастаиккой, йӕ фыд Навуходоносор Иерусалимы кувӕндонӕй кӕй рахаста, уыцы сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ+, цӕмӕй дзы йӕхӕдӕг, йе ’лдӕрттӕ, йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ номылустытӕ нызтаиккой+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын