Левит 26:33 Библи – Ног дунейы тӕлмац 33 Сымах та ныххӕлиу кӕндзынӕн адӕмты ’хсӕн+. Ӕмӕ мӕ хъама йӕ кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн ӕмӕ йӕ уӕ фӕдыл бафтаудзынӕн+, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг фӕуыдзӕн+, уӕ горӕттӕй дур дурыл нал баззайдзӕн. Дыккаг закъон 4:26 Библи – Ног дунейы тӕлмац 26 уӕд мын арв ӕмӕ зӕхх ӕвдисӕн+: Иорданы фаллаг фарсмӕ ахизгӕйӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕххӕй уайтагъд фесӕфдзыстут. Бирӕ йыл нӕ фӕцӕрдзыстут, уымӕн ӕмӕ фӕцагъды уыдзыстут+. Дыккаг закъон 28:36 Библи – Ног дунейы тӕлмац 36 Йегъовӕ дын дӕхи+ дӕр ӕмӕ, дӕхицӕн кӕй сӕвӕрай, уыцы паддзахы+ дӕр акӕндзӕн, дӕхӕдӕг дӕр кӕй нӕ зыдтай ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕммӕ. Ӕмӕ уым кувдзынӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн, хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕуттӕн+. Дыккаг закъон 28:64 Библи – Ног дунейы тӕлмац 64 Ӕмӕ уӕ Йегъовӕ ныххӕлиу кӕндзӕн ӕппӕт адӕмты ’хсӕн, зӕххӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ+, ӕмӕ уым кувдзыстут ӕндӕр хуыцӕуттӕн, уӕхӕдӕг дӕр кӕй нӕ зыдтат ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн, хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕуттӕн+. 2 Паддзӕхты 23:27 Библи – Ног дунейы тӕлмац 27 Ӕмӕ Йегъовӕ загъта: «Иудӕйы+ дӕр фесафдзынӕн мӕ разӕй+, Израил куыд фесӕфтон, афтӕ+. Ӕз мӕ къух сисдзынӕн, кӕй равзӕрстон, уыцы горӕт Иерусалимыл ӕмӕ, афтӕ кӕмӕй загътон, мӕ ном уым уыдзӕн, зӕгъгӕ, уыцы хӕдзарыл дӕр»+. Йереми 24:9 Библи – Ног дунейы тӕлмац 9 ӕз сыл ахӕм бӕллӕх ӕруадздзынӕн, ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдоны тас бацӕудзӕн+. Кӕдӕмты сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн, ӕппӕт уыцы рӕтты+ сӕ фӕхудинаг кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ӕмбисондӕн дзуринаг, фидиссаг+ ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн+. Йереми 25:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Ацы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр фестдзӕн ӕдзӕрӕг быдыр, диссагӕн дзуринаг фӕуыдзӕн, ӕмӕ ацы адӕмтӕ Вавилоны паддзахӕн лӕггад кӕндзысты ӕвдай азы“+. Йезекил 12:25 Библи – Ног дунейы тӕлмац 25 „Уымӕн ӕмӕ ӕз, Йегъовӕ, зӕгъдзынӕн ныхас, ӕмӕ цы ныхас зӕгъон, уый сӕххӕст уыдзӕн+. Фӕстӕдӕрмӕ йӕ нал аиргъӕвдзынӕн+, уымӕн ӕмӕ уӕ рӕстӕджы+, мӕнӕ змӕнтӕг адӕм, ӕз зӕгъдзынӕн ныхас ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“». Йезекил 24:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Уый загътон ӕз, Йегъовӕ+. Уый ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн+, ӕмӕ ӕз архайдзынӕн. Афтӕ йӕ нӕ ныууадздзынӕн+, стӕй дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн+ ӕмӕ нӕ фӕфӕсмон кӕндзынӕн+. Дӕуӕн тӕрхон кӕндзысты+ дӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ».
33 Сымах та ныххӕлиу кӕндзынӕн адӕмты ’хсӕн+. Ӕмӕ мӕ хъама йӕ кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн ӕмӕ йӕ уӕ фӕдыл бафтаудзынӕн+, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг фӕуыдзӕн+, уӕ горӕттӕй дур дурыл нал баззайдзӕн.
26 уӕд мын арв ӕмӕ зӕхх ӕвдисӕн+: Иорданы фаллаг фарсмӕ ахизгӕйӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕххӕй уайтагъд фесӕфдзыстут. Бирӕ йыл нӕ фӕцӕрдзыстут, уымӕн ӕмӕ фӕцагъды уыдзыстут+.
36 Йегъовӕ дын дӕхи+ дӕр ӕмӕ, дӕхицӕн кӕй сӕвӕрай, уыцы паддзахы+ дӕр акӕндзӕн, дӕхӕдӕг дӕр кӕй нӕ зыдтай ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕммӕ. Ӕмӕ уым кувдзынӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн, хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕуттӕн+.
64 Ӕмӕ уӕ Йегъовӕ ныххӕлиу кӕндзӕн ӕппӕт адӕмты ’хсӕн, зӕххӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ+, ӕмӕ уым кувдзыстут ӕндӕр хуыцӕуттӕн, уӕхӕдӕг дӕр кӕй нӕ зыдтат ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн, хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕуттӕн+.
27 Ӕмӕ Йегъовӕ загъта: «Иудӕйы+ дӕр фесафдзынӕн мӕ разӕй+, Израил куыд фесӕфтон, афтӕ+. Ӕз мӕ къух сисдзынӕн, кӕй равзӕрстон, уыцы горӕт Иерусалимыл ӕмӕ, афтӕ кӕмӕй загътон, мӕ ном уым уыдзӕн, зӕгъгӕ, уыцы хӕдзарыл дӕр»+.
9 ӕз сыл ахӕм бӕллӕх ӕруадздзынӕн, ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдоны тас бацӕудзӕн+. Кӕдӕмты сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн, ӕппӕт уыцы рӕтты+ сӕ фӕхудинаг кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ӕмбисондӕн дзуринаг, фидиссаг+ ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн+.
11 Ацы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр фестдзӕн ӕдзӕрӕг быдыр, диссагӕн дзуринаг фӕуыдзӕн, ӕмӕ ацы адӕмтӕ Вавилоны паддзахӕн лӕггад кӕндзысты ӕвдай азы“+.
25 „Уымӕн ӕмӕ ӕз, Йегъовӕ, зӕгъдзынӕн ныхас, ӕмӕ цы ныхас зӕгъон, уый сӕххӕст уыдзӕн+. Фӕстӕдӕрмӕ йӕ нал аиргъӕвдзынӕн+, уымӕн ӕмӕ уӕ рӕстӕджы+, мӕнӕ змӕнтӕг адӕм, ӕз зӕгъдзынӕн ныхас ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“».
14 Уый загътон ӕз, Йегъовӕ+. Уый ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн+, ӕмӕ ӕз архайдзынӕн. Афтӕ йӕ нӕ ныууадздзынӕн+, стӕй дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн+ ӕмӕ нӕ фӕфӕсмон кӕндзынӕн+. Дӕуӕн тӕрхон кӕндзысты+ дӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ».