18 Ӕрмӕст Йегъовӕ дӕ цагъарӕн иу хъуыддаг ныххатыр кӕнӕд: мӕ хицау Риммоны хӕдзармӕ+ бакувынмӕ куы бацӕуы, уӕд мӕ къухыл фенцой кӕны+, ӕмӕ мӕн дӕр бахъӕуы Риммоны хӕдзары мӕ зонгуытыл ӕрлӕууын+. Курӕг дӕ дӕн, Йегъовӕ дӕ цагъарӕн ныххатыр кӕнӕд, Риммоны хӕдзары мӕ зонгуытыл кӕй ӕрлӕууын, уый»+.