Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 2 Паддзӕхты 2:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Стӕй Илийайы уӕлӕдарӕсӕй дон ӕрцавта+ ӕмӕ загъта: «Кӕм ис Илийайы Хуыцау Йегъовӕ?»+ Елисей дон куы ’рцавта, уӕд дон дыууӕ дихы фӕци, ӕмӕ Елисей цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ ахызт.

  • 2 Паддзӕхты 2:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 Уӕд сын Елисей загъта: «Ног гыццыл къус-ма мын рахӕссут ӕмӕ дзы цӕхх ныккӕнут». Уыдон дӕр ын къус ӕрбахастой.

  • 2 Паддзӕхты 3:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Нӕдӕр дымгӕ уыдзӕн, нӕдӕр къӕвда, афтӕмӕй дӕлвӕз донӕй байдзаг уыдзӕн+, ӕмӕ дзы бануаздзыстут+, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фос дӕр“.

  • 2 Паддзӕхты 4:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Стӕй дӕ фырттимӕ хӕдзармӕ бацу, дуар сӕхгӕн ӕмӕ уыцы мигӕнӕнты се ’ппӕты дӕр сой кӕн. Чи дзы байдзаг уа, уыдон та иуварс ӕвӕр».

  • 2 Паддзӕхты 5:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Уӕд Нееман ацыд ӕмӕ йын ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг куыд загъта, афтӕ Иорданы цӕугӕдоны авд хатты ныххызт+. Ӕмӕ йӕ буар гыццыл лӕппуйы буары хуызӕн фестад+, ӕмӕ ссыгъдӕг+.

  • 2 Паддзӕхты 5:27
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 27 Нееманы хъотыр+ дӕуыл ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтыл уӕд ӕнустӕм»+. Ӕмӕ Гиезийӕн йӕ буар хъотырӕй митау урс фестад+, афтӕмӕй ацыд Елисейӕ.

  • 2 Паддзӕхты 6:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг ӕй бафарста: «Кӕм дын ныххауд?» Ӕмӕ кӕм ныххауд, уый йын равдыста. Уӕд Елисей бӕласӕй къалиу ралыг кодта, уым ӕй ныппӕрста, ӕмӕ фӕрӕты ӕфсӕйнаг хӕрдмӕ ссыд+.

  • 2 Паддзӕхты 7:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Елисей загъта: «Байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ+. Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Райсом ацафон Самарийы кулдуары раз ӕппӕты хуыздӕр ссады къус* уыдзӕн иу сикл, ӕмӕ дыууӕ къусы хъӕбӕрхор дӕр уыдзӕн иу сикл“»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын