Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 31:29
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 29 Ӕз ӕй зонын, мӕ мӕлӕты фӕстӕ сымах ныллӕудзыстут сӕфты фӕндагыл+. Цы фӕндагыл уын бафӕдзӕхстон цӕуын, уыцы фӕндагӕй адзӕгъӕл уыдзыстут. Ӕмӕ фӕстагмӕ фыдбылызы+ хай бауыдзыстут, уымӕн ӕмӕ араздзыстут, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы у, уый ӕмӕ йӕ уӕ хъуыддӕгтӕй ӕфхӕрдзыстут»+.

  • Дыккаг закъон 32:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Йешурун*+ куы снард, уӕд схивӕнд+,–

      О, ды снард дӕ, фӕйнӕрдӕм фӕцыдтӕ, фырӕфсӕст бадӕ+,–

      Ӕмӕ ныууагъта йе скӕнӕг Хуыцауы+,

      Йӕ къух систа йӕ ирвӕзындзинады Къӕдзӕхыл+.

  • Йесо Навин 23:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Афтӕ уын бакӕндзӕн, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы бадзырд радта, цы уын бафӕдзӕхста, уый сӕрты куы ахизат ӕмӕ куы ацӕуат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн куы куват ӕмӕ сӕ разы уӕ зонгуытыл куы лӕууат, уӕд+. Йегъовӕйы маст уӕм ссудздзӕн+, ӕмӕ уайтагъд фесӕфдзыстут, кӕй уын радта, уыцы хорз зӕххӕй»+.

  • Нееми 9:26
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 Фӕлӕ ӕгоммӕгӕс систы+, дӕ ныхмӕ рацыдысты+ ӕмӕ дын дӕ закъоныл сӕ къух систой+. Дӕ пехуымпартӕ-иу сӕ фӕдзӕхстой, цӕмӕй сӕ дӕумӕ раздӕхтаиккой+, фӕлӕ-иу сӕ уыдон амардтой+. Ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй равдыстой, ӕппындӕр дӕ кӕй ницӕмӕ дардтой+.

  • Псалом 106:35
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 35 Фӕлӕ райдыдтой иннӕ адӕмтимӕ хӕццӕ кӕнын+

      Ӕмӕ сын сӕ хъуыддӕгтыл ахуыр кӕнын+.

  • Амос 5:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Сымах раст тӕрхон нӕ кӕнут, ӕмӕ адӕмӕн сӕ цард маст ад скодта+. Сымах рӕстдзинадыл уӕ къух систат+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын