5 Уый фӕстӕ левиттӕ Йешуа, Кадмиил, Вани, Хашавни, Шереви, Годи, Шевани ӕмӕ Петахи загътой: «Сыстут ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ+ арфӕ кӕнут+. О Хуыцау, арфӕ дын кӕнӕнт дӕ кадджын номӕн+, уымӕн ӕмӕ дӕ ном цыфӕнды кад ӕмӕ цыфӕнды арфӕйӕ дӕр бӕрзонддӕр у.