3 Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр, арт куыд ӕрцыд ӕмӕ хӕдзарыл Йегъовӕйы кад куыд ӕрӕнцад, уый куы федтой, уӕд дурӕй конд кӕрты сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой+, сӕ сӕртӕй ныллӕг, зӕххы онг акуывтой+ ӕмӕ Йегъовӕйӕн арфӕ кӕнын райдыдтой, «уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ+, уымӕн ӕмӕ йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм»+, зӕгъгӕ.