Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 3:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Уый фӕстӕ йын Хуыцау загъта: «Ӕз дӕн дӕ фыды Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау»+. Уӕд Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта, уымӕн ӕмӕ тарст ӕцӕг Хуыцаумӕ бакӕсын.

  • Дыккаг закъон 32:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Уыдон мӕ мӕсты кодтой, хуыцӕуттӕ чи не сты, уыдонӕн кӕй куывтой, уымӕй+.

      Сӕ ницӕйаг хуыцӕуттӕн кӕй табу кодтой, уымӕй мын маст ӕвзарын кодтой+.

      Гъемӕ ӕз дӕр, мӕ адӕм чи не сты, уыдоны фӕрцы афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ катайы бацӕудзысты+,

      Бафхӕрдзынӕн сӕ ӕнӕзонд адӕмы фӕрцы+.

  • 1 Паддзӕхты 11:33
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 33 Ӕз афтӕ уый тыххӕй бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыдон мӕн ныууагътой+ ӕмӕ кувын райдыдтой сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕйӕн+, Моавы хуыцау Хамосӕн+ ӕмӕ Аммоны фыртты хуыцау Милхомӕн+. Уыдон мӕ фӕндӕгтыл нӕ цыдысты, мӕ цӕсты раст цы у, уый нӕ арӕзтой ӕмӕ мын мӕ закъӕттӕ ӕмӕ мӕ тӕрхӕттӕ не ’ххӕст кодтой, Соломонӕн сӕ йӕ фыд Давид куыд ӕххӕст кодта, афтӕ.

  • 2 Азфыстыты 15:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Ӕмӕ Асӕйы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Байхъусут мӕм, Асӕ ӕмӕ Иудӕ ӕмӕ Вениамины адӕм уе ’ппӕт дӕр! Йегъовӕ уыдзӕн уемӕ, цалынмӕ сымах йемӕ уат, уӕдмӕ+. Куы йӕ агурат+, уӕд ӕй ссардзыстут*, фӕлӕ йӕ куы ныууадзат, уӕд уӕ уый дӕр ныууадздзӕн+.

  • Йереми 2:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 уымӕн ӕмӕ мӕ адӕм бакодтой дыууӕ фыдхъуыддаджы: мӕн ныууагътой+, мӕн, царддӕттӕг доны суадон+, ӕмӕ сӕхицӕн скъахтой доны дзыхъхъытӕ, дон кӕм нӕ лӕууы, ахӕм хӕлд дзыхъхъытӕ“.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын