-
Дыккаг закъон 33:8Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
8 Левийы тыххӕй та загъта+:
«О Хуыцау, дӕ туммим ӕмӕ дӕ урим*+ сты, иузӕрдион дыл чи у, уыцы адӕймаджы+,
Массӕйы кӕй фӕлвӕрдтай, уый+.
Ды йемӕ быцӕу кодтай Меривӕйы дӕтты раз+.
-
2 Азфыстыты 8:14Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
14 Стӕй, йӕ фыд Давид цы уаг скодта+, уымӕ гӕсгӕ сӕвӕрдта сауджынты къордтӕ+, цӕмӕй сӕ хӕстӕ ӕххӕст кодтаиккой, стӕй левитты+ дӕр сӕвӕрдта сӕ бынӕтты, цӕмӕй алы бон дӕр+ сауджынты раз Хуыцауы кадджын кодтаиккой+ ӕмӕ лӕггад кодтаиккой+. Ӕмӕ дуаргӕсты дӕр сӕ къордтӕм гӕсгӕ сӕвӕрдта алы кулдуӕртты раз+, уымӕн ӕмӕ афтӕ бафӕдзӕхста Давид, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг.
-
-
-