Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 2 Самуилы 7:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой+ ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕм куы баиу уай+, уӕд ӕз дӕ фӕстӕ сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕуӕй чи рацӕуа, уый, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн+.

  • 1 Паддзӕхты 2:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Уӕд Йегъовӕ сӕххӕст кӕндзӕн, мӕн+ тыххӕй цы загъта, уый: „Кӕд дӕ фырттӕ+ сӕ фӕндӕгтӕм кӕсой+ ӕмӕ мӕ разы рӕстӕй цӕрой+, кӕд ууыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ+ ӕмӕ ӕппӕт удӕй архайой, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ ӕнустӕм баддзысты Израилы паддзахбадӕныл“+.

  • 1 Паддзӕхты 9:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 уӕд дын Израилы дӕ паддзахбадӕн ӕнустӕм сфидар кӕндзынӕн, дӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтон, афтӕ – ӕз ын загътон, дӕ байзӕддӕгтӕ ӕнустӕм баддзысты Израилы паддзахбадӕныл, зӕгъгӕ+.

  • 2 Азфыстыты 6:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Ӕмӕ ныр, о Йегъовӕ, Израилы Хуыцау, сӕххӕст кӕн, дӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн, мӕ фыдӕн, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтай, уый, зӕгъгӕ, кӕд дӕ фырттӕ+ сӕ фӕндӕгтӕм кӕсой ӕмӕ, ды мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ куыд цардтӕ+, афтӕ уыдон дӕр мӕ закъонмӕ гӕсгӕ цӕрой+, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ ӕнустӕм баддзысты мӕ разы Израилы паддзахбадӕныл+.

  • 2 Азфыстыты 7:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 уӕд дын дӕ паддзахбадӕн сфидар кӕндзынӕн+, дӕ фыд Давидимӕ цы бадзырд скодтон, уымӕ гӕсгӕ+ – ӕз ын загътон, дӕ байзӕддӕгтӕ ӕнустӕм уыдзысты паддзӕхтӕ Израилӕн+, зӕгъгӕ.

  • 2 Азфыстыты 21:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Фӕлӕ Йегъовӕйы нӕ фӕндыд Давиды хӕдзарвӕндаг фесафын+, Давидимӕ бадзырд кӕй скодта+, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ йын афтӕ загъта, дӕуӕн+ ӕмӕ дӕ фырттӕн сӕ цырагъ никуы ахуысдзӕн+, зӕгъгӕ.

  • Псалом 89:29
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 29 Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ йӕ байзӕддаг уыдзӕн ӕнустӕм+,

      Йӕ паддзахбадӕн лӕудзӕн, уӕлӕрвтӕ цалынмӕ уой, уӕдмӕ+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын