-
1 Азфыстыты 28:13Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
13 Ноджыдӕр ма йын радта амындтӕ сауджынты ӕмӕ левитты къордты+ тыххӕй, стӕй Йегъовӕйы хӕдзары лӕггад кӕнынимӕ цыдӕриддӕр хъуыддӕгтӕ баст уыд, уыдоны тыххӕй ӕмӕ, Йегъовӕйы хӕдзары лӕггадгӕнгӕйӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕй архайдтой, уыдоны тыххӕй.
-
-
2 Азфыстыты 8:14Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
14 Стӕй, йӕ фыд Давид цы уаг скодта+, уымӕ гӕсгӕ сӕвӕрдта сауджынты къордтӕ+, цӕмӕй сӕ хӕстӕ ӕххӕст кодтаиккой, стӕй левитты+ дӕр сӕвӕрдта сӕ бынӕтты, цӕмӕй алы бон дӕр+ сауджынты раз Хуыцауы кадджын кодтаиккой+ ӕмӕ лӕггад кодтаиккой+. Ӕмӕ дуаргӕсты дӕр сӕ къордтӕм гӕсгӕ сӕвӕрдта алы кулдуӕртты раз+, уымӕн ӕмӕ афтӕ бафӕдзӕхста Давид, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг.
-