Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 30:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Афтӕ уымӕн уыдзӕн, ӕмӕ сымах хъусдзыстут уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ ӕмӕ йын ӕххӕст кӕндзыстут йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ, ацы закъоны чиныджы фыст чи сты, уыдон+. Сымах уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ раздӕхдзыстут ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй+.

  • 1 Самуилы 7:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Уӕд Самуил Израилы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Кӕд уӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕнды Йегъовӕмӕ раздӕхын+, уӕд фесафут, цыдӕриддӕр уӕм ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ ис, уыдон+, стӕй Астартӕйы нывтӕ дӕр+, ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ раздахут Йегъовӕмӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕнут+. Ӕмӕ уӕ уый фервӕзын кӕндзӕн филистимӕгты къухӕй»+.

  • Йереми 4:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 «О Израил, мӕнмӕ дӕ раздӕхын куы бафӕнда,– зӕгъы Йегъовӕ,– уӕд дӕ бон у раздӕхын+. Мӕн тыххӕй де ’наккагдзинӕдтӕ куы ныууадзай+, уӕд рахау-бахау нӕ кӕндзынӕ.

  • Иоил 2:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Уӕ уӕлӕдарӕс+ нӕ, фӕлӕ уӕ зӕрдӕтӕ скъуыдтӕ кӕнут+. Раздӕхут уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ, уымӕн ӕмӕ уый у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны+, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт+, ӕмӕ, йӕ адӕмыл цы бӕллӕх ӕруадзинаг у, ууыл фӕфӕсмон кӕндзӕн+.

  • Малахи 3:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Уӕ фыдӕлты замантӕй фӕстӕмӕ мын мӕ уагӕвӕрдты сӕрты хизут ӕмӕ сӕ не ’ххӕст кӕнут+. Раздӕхут мӕм, ӕмӕ уӕм ӕз дӕр раздӕхдзынӕн»+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.

      Сымах дзурут: «Куыд дӕм раздӕхӕм?»

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын