Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Левит 26:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 уӕд уӕ ӕз бафхӕрдзынӕн: уӕ зӕрдӕты уын тас бауадздзынӕн, бафтаудзынӕн уыл рӕуджыты низ*+ ӕмӕ тӕфсӕг, ӕмӕ уӕ цӕстырухс батайдзӕн+ ӕмӕ уӕ уд ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн+. Уӕ хуымтӕ таудзыстут дзӕгъӕлы, уымӕн ӕмӕ-иу дзы цы ’рзайа, уый-иу уе знӕгтӕ бахӕрдзысты+.

  • Дыккаг закъон 28:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Фӕлӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ куы нӕ хъусай ӕмӕ дын абон кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр куы не ’ххӕст кӕнай, уӕд та дыл ӕрцӕудзысты ӕппӕт ацы ӕлгъыстытӕ ӕмӕ дӕ баййафдзысты+.

  • Дыккаг закъон 30:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 уӕд та уын зӕгъын: сымах фесӕфдзыстут+. Иорданы фаллаг фарсмӕ ахизгӕйӕ цы зӕхмӕ бацӕудзыстут ӕмӕ цы зӕхх бацахсдзыстут, уыцы зӕххыл бирӕ нӕ фӕцӕрдзыстут.

  • Йесо Навин 23:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 уӕд ӕй зонут: уӕ Хуыцау Йегъовӕ ацы адӕмтӕн сӕ зӕххытӕ нал исдзӕн ӕмӕ сӕ сымахӕн нал дӕтдзӕн+, ӕмӕ уын уыдон къӕппӕг ӕмӕ хызӕй уӕлдай нӕ уыдзысты+, уӕ фӕрстӕн уыдзысты ехс, уӕ цӕстытӕн – сындзытӕ, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын кӕй радта, уыцы хорз зӕххӕй цалынмӕ нӕ фесӕфат, уӕдмӕ+.

  • Данел 9:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Израилӕгтӕ иууылдӕр дӕ закъоны сӕрты ахызтысты, дӕ ныхасмӕ дын нӕ хъуыстой+ ӕмӕ адзӕгъӕл сты. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй ӕлгъысты хай бакодтай – сомыйы+ фӕрцы кӕй сфидар кодтай ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Моисейы закъоны фыст чи ис, уыцы ӕлгъысты хай, уымӕн ӕмӕ дӕ разы тӕригъӕд ракодтам.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын