-
Йереми 27:18Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
18 Фӕлӕ кӕд пехуымпартӕ сты ӕмӕ кӕд ӕцӕгдӕр Йегъовӕйы ныхас дзурынц, уӕд ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнӕнт+, цӕмӕй ма Йегъовӕйы хӕдзары, Иудӕйы паддзахы хӕдзары ӕмӕ Иерусалимы цы мигӕнӕнтӕ баззад, уыдон Вавилонмӕ ма ахӕссой.
-
-
Данел 5:23Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
23 Ды уӕлӕрвты Хицауы ныхмӕ рацыдтӕ+. Йӕ хӕдзары мигӕнӕнтӕ+ дын дӕ размӕ ӕрбахастой, ӕмӕ дзы сымах – ды дӕхӕдӕг, де ’лдӕрттӕ, дӕ устытӕ ӕмӕ дӕ номылустытӕ сӕн нызтат ӕмӕ кадджын кодтат ӕвзистӕй, сызгъӕринӕй, ӕрхуыйӕ, ӕфсӕйнагӕй, хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕутты+ – уынгӕ чи нӕ кӕны, хъусгӕ чи нӕ кӕны ӕмӕ ӕппындӕр чи ницы зоны, уыцы хуыцӕутты+. Дӕ царды улӕфт+ ӕмӕ де ’ппӕт фӕндӕгтӕ кӕй къухы сты, уыцы Хуыцауы+ та не скадджын кодтай+.
-