Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 14:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Фараон куы ’рбаввахс, уӕд Израилы фырттӕ акастысты, ӕмӕ сӕ уӕртӕ египетӕгтӕ ӕрбасурынц. Ӕмӕ Израилы фырттӕ тынг фӕтарстысты ӕмӕ Йегъовӕмӕ сдзынӕзтой+.

  • 1 Азфыстыты 5:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 Семӕ куы хӕцыдысты, уӕд сын уыди ӕххуысгӕнӕг+, уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕххуысмӕ фӕсидтысты ӕмӕ сын уый сӕ лӕгъстӕ фехъуыста, сӕ ныфс ыл кӕй дардтой, уый тыххӕй, ӕмӕ сын агарӕгты, стӕй семӕ чидӕриддӕр уыди, уыдоны сӕ къухмӕ радта+.

  • 2 Азфыстыты 32:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 Фӕлӕ паддзах Езеки+ ӕмӕ Амосы фырт+ пехуымпар+ Исай+ уыцы хабары тыххӕй куывтой+ ӕмӕ дзынӕзтой уӕларвон Хуыцаумӕ, баххуыс нын кӕн+, зӕгъгӕ.

  • Псалом 22:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  5 Дӕумӕ дзынӕзтой+, ӕмӕ-иу сӕрӕгасӕй баззадысты+.

      Дӕуыл дардтой сӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ фӕхудинаг сты+.

  • Филиппӕгтӕм 4:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Мӕт мацӕуыл кӕнут+, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут+, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын