Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 2 Самуилы 8:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Уый фӕстӕ Давид сириаг Дамаскы сӕвӕрдта ӕфсады къордтӕ+. Гъемӕ сириӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты ӕмӕ йын хъалон фыстой+. Давид кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид,– Йегъовӕ йӕ хъахъхъӕдта+.

  • 1 Паддзӕхты 4:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Соломоны дӕлбар уыдысты, Стыр цӕугӕдонӕй*+ суанг филистимӕгты зӕххы онг ӕмӕ Египеты арӕнты онг цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ уыд, уыдон. Цалынмӕ Соломон ӕгас уыд, уӕдмӕ йын уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр хъалон фыстой ӕмӕ йын лӕггад кодтой+.

  • 1 Азфыстыты 18:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Давид ныппырх кодта Сувӕйы+ паддзах Адраазары+ ӕмӕ йӕ адӕмы. Уыцы рӕстӕг Адраазар фӕцӕйцыд Евфраты+ цӕугӕдонмӕ, цӕмӕй уыцы бӕстӕ йӕ дӕлбар бакодтаид.

  • 2 Азфыстыты 26:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Уымӕй уӕлдай ма Иерусалимы скодта хӕстон машинӕтӕ, скодтой сӕ дӕсны аразджытӕ. Ӕмӕ сӕ мӕсгуытыл+ ӕмӕ къулы фисынтыл сӕвӕрдта, цӕмӕй дзы фаттӕ ӕмӕ стыр дуртӕ ӕхстаиккой. Гъемӕ йӕ кад+ дардыл айхъуыст, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау ӕххуыс кодта ӕмӕ сси хъомысджын.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын