Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 2 Азфыстыты 16:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Йегъовӕйы цӕстытӕ+ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр+, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ+ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса. Ды ацы хатт ӕнӕзонд ми бакодтай+, ӕмӕ уый тыххӕй амӕй фӕстӕмӕ демӕ хӕцдзысты»+.

  • Ездрӕ 7:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Гъемӕ Ездрӕ рацыд Вавилонӕй. Ездрӕ уыд дӕсны писыр+ ӕмӕ-иу Моисейы закъон+, Израилы Хуыцау Йегъовӕ кӕй радта, уыцы закъон рафыста. Ӕмӕ йын йӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кодта*, уымӕ гӕсгӕ йын паддзах сарӕзта, цыдӕриддӕр дзы ракуырдта, уый+.

  • Ездрӕ 7:28
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 28 Уый мӕ йе ’нувыд уарзтӕй барӕвдыдта+ – афтӕ бакодта, ӕмӕ мӕм паддзах ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнджытӕ+, стӕй паддзахы хъомысджын кънйӕзтӕ се ’ппӕт дӕр хорз цӕстӕй ракастысты. Ӕмӕ мын мӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кодта+, уый фӕрцы мӕ ныфс бацыд, ӕмӕ Израилы хистӕрты ӕрӕмбырд кодтон, цӕмӕй мемӕ рацыдаиккой.

  • Ездрӕ 8:22
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 22 Афтӕ уый тыххӕй бакодтон, ӕмӕ мӕм худинаг каст фӕндагыл нӕхи знӕгтӕй бахъахъхъӕныны тыххӕй паддзахӕй ӕфсӕдтӕ+ ӕмӕ барджытӕ+ ракурын, уымӕн ӕмӕ паддзахӕн афтӕ загътам: „Нӕ Хуыцау ӕххуыс кӕны*+ ӕмӕ хорздзинад аразы, чи йӕ агуры+, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр, чи йӕ ныууадзы+, уыдоны та се ’ппӕты дӕр йӕ фыдӕх баййафы“+.

  • Псалом 32:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  8 Ды загътай: «Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн+.

      Ратдзынӕн дын уынаффӕ ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн+.

  • Псалом 33:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Йегъовӕйы цӕст кӕсы, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ+,

      Йе ’нувыд уарзтмӕ йын чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ+,

  • Псалом 34:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм+,

      Ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ дзыназынмӕ+.

  • 1 Петры 3:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы цӕстытӕ+ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ зӕрдиаг куывдтытӕм+. Ӕвзӕрдзинад чи аразы, уыдонӕн та Йегъовӕ* сӕ ныхмӕ у»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын