Нееми 3:1 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 Хистӕр сауджын Елиашив+ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ, сауджынтӕ, райдыдтой Фысты кулдуар+ аразын. Снывонд ӕй кодтой*+ ӕмӕ йын йӕ дуӕрттӕ сӕвӕрдтой. Дарддӕр къул сарӕзтой суанг Меайы мӕсыджы+ онг, ӕмӕ уыцы хай дӕр снывонд кодтой суанг Хананелы мӕсыджы+ онг. Нееми 3:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Зӕронд горӕты+ кулдуар цалцӕг кодтой Пасеахы фырт Иойадӕ ӕмӕ Бесодийы фырт Мешуллам. Уыдон сӕвӕрдтой кулдуары хъӕдын тарвӕзтӕ, стӕй дуӕрттӕ, ӕхгӕнӕнтӕ ӕмӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ+. Нееми 3:13 Библи – Ног дунейы тӕлмац 13 Дӕлвӕзы кулдуар+ цалцӕг кодтой Аннон ӕмӕ йемӕ – Заноахы+ цӕрджытӕ. Кулдуар ногӕй сарӕзтой, сӕвӕрдтой йын йӕ дуӕрттӕ+, ӕхгӕнӕнтӕ+ ӕмӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ+. Стӕй ма къул дӕр сцалцӕг кодтой иу мин ӕлмӕрины бӕрц*, суанг Фӕнычы кулдуары+ онг.
3 Хистӕр сауджын Елиашив+ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ, сауджынтӕ, райдыдтой Фысты кулдуар+ аразын. Снывонд ӕй кодтой*+ ӕмӕ йын йӕ дуӕрттӕ сӕвӕрдтой. Дарддӕр къул сарӕзтой суанг Меайы мӕсыджы+ онг, ӕмӕ уыцы хай дӕр снывонд кодтой суанг Хананелы мӕсыджы+ онг.
6 Зӕронд горӕты+ кулдуар цалцӕг кодтой Пасеахы фырт Иойадӕ ӕмӕ Бесодийы фырт Мешуллам. Уыдон сӕвӕрдтой кулдуары хъӕдын тарвӕзтӕ, стӕй дуӕрттӕ, ӕхгӕнӕнтӕ ӕмӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ+.
13 Дӕлвӕзы кулдуар+ цалцӕг кодтой Аннон ӕмӕ йемӕ – Заноахы+ цӕрджытӕ. Кулдуар ногӕй сарӕзтой, сӕвӕрдтой йын йӕ дуӕрттӕ+, ӕхгӕнӕнтӕ+ ӕмӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ+. Стӕй ма къул дӕр сцалцӕг кодтой иу мин ӕлмӕрины бӕрц*, суанг Фӕнычы кулдуары+ онг.