Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 4:27
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 27 Йегъовӕ уӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзӕн+ ӕмӕ уӕ Йегъовӕ цы адӕмтӕм фӕсурдзӕн, уыдоны ’хсӕн уӕ бирӕ нал баззайдзӕн+.

  • Дыккаг закъон 30:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 уӕд Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, уацары уӕ чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзӕн+, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ уӕм равдисдзӕн ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодта, уыдоны ’хсӕнӕй+.

  • Нееми 1:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Курын дӕ, ӕрхъуыды кӕн+, дӕ лӕггадгӕнӕг Моисейӕн цы загътай, уый: „Гадзрахатӕй мыл куы рацӕуат, уӕд уӕ ӕз адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн+.

  • Йереми 50:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Израил у, дзугӕй чи адзӕгъӕл, ахӕм фыс+. Домбӕйттӕ йӕ дзугӕй фӕхицӕн кодтой+. Фыццаг ӕй Ассирийы паддзах хордта+, ныр та йын йе стджытӕ ӕхсыны Вавилоны паддзах Навуходоносор+.

  • Захари 7:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Кӕй нӕ зыдтой+, уыцы адӕмтыл сӕ тыхдымгӕйау ныппырх кодтон+. Сӕ зӕхх сӕ фӕстӕ дзӕгъӕл баззад – нал ыл цӕуӕг уыди, нал, фӕстӕмӕ чи ӕрбаздӕхтаид+, ахӕм. Бӕллиццаг зӕхх+ диссагӕн дзуринаг фӕкодтой“».

  • Иаковы 1:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 1 Иаков+, Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы цагъар+, фыссы, алы рӕттӕм чи фӕлыгъд+, уыцы дыууадӕс мыггагмӕ+.

      Арфӕйаг ут!

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын