8 Уыцы цыппар херувимӕй+ алкӕмӕн дӕр уыд фӕйнӕ ӕхсӕз базыры+, алырдыгӕй ӕмӕ мидӕгырдыгӕй дӕр уыдысты цӕстытӕй йедзаг+. Ӕхсӕвӕй-бонӕй улӕфт нӕ зонынц ӕмӕ дзурынц: „Сыгъдӕг у, сыгъдӕг у, сыгъдӕг у Йегъовӕ+ Хуыцау, Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау, чи уыд, чи ис+ ӕмӕ чи ’рцӕуы, уый“.