Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Паддзӕхты 3:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 уый тыххӕй дын дӕ курдиат сӕххӕст кӕндзынӕн+. Ӕз дын ратдзынӕн зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ зӕрдӕ+. Дӕ размӕ дӕр нӕ уыди дӕу хуызӕн, ӕмӕ дӕ фӕстӕ дӕр нӕ уыдзӕн+.

  • 1 Паддзӕхты 4:29
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 29 Хуыцау Соломонӕн лӕвӕрдта стыр зонд+ ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад+, радта йын арфуынӕг зӕрдӕ+, ӕмӕ йӕ арфуынындзинад уыд денджызы был змисау ӕнӕкӕрон+.

  • Иов 35:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Уый мах хъӕддаг сырдтӕй+ фылдӕр ахуыр кӕны+,

      Скӕны нӕ уӕларвон мӕргътӕй зондджындӕр.

  • Ӕмбисӕндтӕ 2:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 уымӕн ӕмӕ зонд дӕтты Йегъовӕ+, уымӕй цӕуынц зонындзинӕдтӕ ӕмӕ арфуынындзинад+.

  • Екклесиаст 2:26
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 Хуыцауы цӕсты хорз адӕймаг чи у+, уымӕн уый дӕтты зонд, зонындзинӕдтӕ ӕмӕ циндзинад+. Тӕригъӕдджыны та бафтауы мулк ӕмӕ фӕллӕйттӕ ӕмбырд кӕныныл, цӕмӕй сӕ стӕй ныууадза, ӕцӕг Хуыцауы цӕсты хорз чи у, уыцы адӕймагӕн+. Ӕмӕ уый дӕр у дзӕгъӕлы, дымгӕ сурӕгау+.

  • Данел 1:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Ӕцӕг Хуыцау уыцы цыппар лӕппуйӕн радта зонындзинӕдтӕ, схайджын сӕ кодта алыхуызон чингуытӕ ӕмбарыны хъомысӕй ӕмӕ зондӕй+. Данелӕн та ма йӕ бон уыд алыхуызон цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ фынтӕ халын+ дӕр.

  • Матфейы 11:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Ӕмӕ уыцы рӕстӕг Йесо загъта: «Дзыллӕты раз кадджын кӕнын дӕу, мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг, ацы хъуыддӕгтӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй+.

  • Иаковы 1:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Уӕдӕ уӕ кӕд искӕмӕ зонд фаг нӕй+, уӕд курӕд Хуыцауӕй+,– уымӕн ӕмӕ уый алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй+,– ӕмӕ йын ӕнӕратгӕ нӕ фӕуыдзӕн+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын