Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 32:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  4 Уый у Къӕдзӕх, йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау+,

      Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст+.

      Уый у ӕнувыд Хуыцау+, хӕрамӕй йӕм ницы ис+.

      Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау+.

  • Псалом 11:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  7 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у рӕстаг Хуыцау+, уый уарзы раст хъуыддӕгтӕ+.

      Рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон ын фендзысты йӕ цӕсгом+.

  • Псалом 139:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Кадджын дӕ кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ, куыд диссаджы конд дӕн, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ мӕ хъуын арц сбады+.

      Дӕ хъуыддӕгтӕ сты диссаг+,

      Ӕмӕ уый мӕ уд хорз зоны+.

  • Псалом 139:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Ды мӕ федтай, гуырдз йеддӕмӕ куы ницыма уыдтӕн, уӕд+.

      Дӕ чиныджы фыст уыди, ме уӕнгтӕ иууылдӕр кӕд фӕзындысты,

      Уыцы бонты тыххӕй+,

      Кӕд ӕмӕ дзы иу дӕр нӕма уыди, уӕддӕр.

  • Данел 9:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Йегъовӕ, ды дӕхи цӕттӕйӕ дардтай ӕмӕ нӕ ӕппынфӕстаг уыцы бӕллӕхы хай бакодтай+, уымӕн ӕмӕ ды, о Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, алы хъуыддаджы дӕр дӕ раст, мах та дын дӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстам+.

  • Раргомад 15:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Ӕмӕ зарыдысты Хуыцауы цагъар Моисейы+ зарӕг ӕмӕ Уӕрыччы+ зарӕг:

      «Стыр ӕмӕ диссаг сты дӕ хъуыддӕгтӕ+, о Йегъовӕ, Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты дӕ фӕндӕгтӕ+, ӕнусты Паддзах!+

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын