Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Самуилы 16:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Фӕлӕ Йегъовӕ Самуилӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс+, уый нӕ равзӕрстон. Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы+. Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ+, Йегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ»+.

  • Иов 34:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Зӕххон адӕймагӕн бафиддзӕн+ йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ,

      Бавзарын ын кӕндзӕн, йӕ фӕндаг цӕмӕ кӕны, уыдӕттӕ.

  • Ӕмбисӕндтӕ 24:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Афтӕ куы зӕгъай, мах ӕй нӕ зыдтам+, зӕгъгӕ, уӕд ӕй, зӕрдӕтӕм чи кӕсы, уый нӕ фендзӕн?+ Ӕмӕ дӕм йӕ хъус чи дары, уый йӕ нӕ базондзӕн ӕмӕ адӕймагӕн+, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цы ’мбӕлы, уый нӕ ратдзӕн?+

  • Йереми 32:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Дӕумӕ ис стыр фӕндтӕ+, дӕ хъуыддӕгтӕн нымӕц+ дӕр нӕй. Ды дӕ цӕст дарыс адӕмы ӕппӕт фӕндӕгтӕм дӕр+, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр раттай, йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ йӕм йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цы ӕмбӕлы, уый+.

  • Йезекил 7:27
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 27 Паддзах хъыг кӕндзӕн+, адӕмы хистӕртӕ фыртӕссӕй, цы акӕной, уый нал зондзысты+, ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмы къухтӕ зыр-зыр кӕнын райдайдзысты. Ӕз сын бакӕндзынӕн, сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ сын цы ’мбӕлы, уый+, ӕмӕ сын тӕрхон кӕндзынӕн сӕхи тӕрхӕттӕй+. Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“»+.

  • Ромӕгтӕм 2:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Уыцы бон Хуыцау алкӕмӕн дӕр бафиддзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ+:

  • 2 Коринфӕгтӕм 5:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 уымӕн ӕмӕ не ’ппӕт дӕр ӕрлӕудзыстӕм Чырыстийы тӕрхоны раз+ ӕмӕ нӕ алчидӕр райсдзӕн, буары цӕргӕйӕ хорзӕй кӕнӕ ӕвзӕрӕй цы арӕзта, уымӕ гӕсгӕ+.

  • Галатӕгтӕм 6:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Ма рӕдийут+: Хуыцау хынджылӕггаг нӕу+. Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн+.

  • Колоссӕгтӕм 3:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Ӕвзӕрдзинад чи аразы, уымӕн та фыст ӕрцӕудзӕн+, ӕвзӕрӕй цы сарӕзта, уый, уымӕн ӕмӕ Хуыцау никӕй хъулон кӕны+.

  • 2 Тимофеймӕ 4:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Ӕрхуыйы куыстгӕнӕг Алыксандр+ мын бирӕ мӕстытӕ бавзарын кодта. Йегъовӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ, цы хъӕуы, уый бакӕндзӕн+.

  • 1 Петры 1:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Ӕмӕ кӕд, алы адӕймагӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон чи кӕны+, уыцы Фыдмӕ кувут, уӕд, цалынмӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы стут+, уӕдмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ цӕрут+.

  • Раргомад 20:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Федтон мӕрдты дӕр, номдзыдты ӕмӕ хуымӕтӕгты+, паддзахбадӕны раз лӕугӕ, ӕмӕ тыхтӕттӕ байгом сты. Байгом ма ӕндӕр тыхтон дӕр – царды тыхтон+. Ӕмӕ мӕрдтӕ тӕрхонгонд цыдысты, тыхтӕтты сӕ кӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ уыд фыст, уыдонмӕ гӕсгӕ+.

  • Раргомад 22:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 „Ӕз тагъд ӕрцӕудзынӕн+. Цы хорзӕхӕй+ хайджын кӕнын, уый мемӕ ис, цӕмӕй, кӕмӕн цы ’мбӕлы, уый раттон+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын