Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Псалом 40:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  5 Бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзтай+,

      О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, бирӕ сты дӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕм бирӕ хъуыдытӕ ис мах тыххӕй+.

      Дӕу хуызӕн ничи у+.

      Ӕз дзурдзынӕн ӕмӕ хъусын кӕндзынӕн уыцы хъуыддӕгты тыххӕй.

      Уыйбӕрц сты, ӕмӕ сӕ мӕ бон банымайын нӕ бауыдзӕн+.

  • Псалом 66:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  3 Зӕгъут Хуыцауӕн: «Дӕ хъуыддӕгтӕ адӕймагыл тас ӕфтауынц!+

      Дӕ хъару афтӕ стыр у, ӕмӕ де знӕгтӕ дӕ разы кӕндзысты зӕрдӕлхӕнӕн митӕ+.

  • Псалом 104:24
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 24 Куыд бирӕ сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о Йегъовӕ!+

      Иууылдӕр сӕ скодтай де стыр зондӕй+.

      Зӕхх нӕ зыны де сконд хъуыддӕгтӕй+.

  • Псалом 145:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  4 Фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ ӕппӕлдзысты дӕ хъуыддӕгтӕй+,

      Дзурдзысты дӕ хъомысджын хъуыддӕгты тыххӕй+.

  • Псалом 150:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  2 Кадджын ӕй кӕнут йӕ хъомысджын хъуыддӕгты тыххӕй+.

      Кадджын ӕй кӕнут, диссаджы Хуыцауӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ+.

  • Екклесиаст 3:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Уый йӕ рӕстӕджы ӕппӕт дӕр скодта диссаг+. Адӕмӕн сӕ зӕрдӕты нывӕрдта ӕнусон цард*+ дӕр, ӕмӕ кӕронмӕ* никуы базондзысты, ӕцӕг Хуыцау цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон+.

  • Раргомад 15:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Ӕмӕ зарыдысты Хуыцауы цагъар Моисейы+ зарӕг ӕмӕ Уӕрыччы+ зарӕг:

      «Стыр ӕмӕ диссаг сты дӕ хъуыддӕгтӕ+, о Йегъовӕ, Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты дӕ фӕндӕгтӕ+, ӕнусты Паддзах!+

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын