Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 19:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ӕз дӕм ӕрцӕудзынӕн сау мигъы+, цӕмӕй, демӕ куы ныхас кӕнон, уӕд ӕй адӕм дӕр хъусой+, ӕмӕ дӕуыл дӕр кӕддӕриддӕр ӕууӕндой»+. Гъемӕ Моисей Йегъовӕйӕн загъта, адӕм цы дзуапп радтой, уый.

  • Рацыд 33:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Куыддӕр-иу Моисей цатырмӕ бахызт, афтӕ-иу уӕлейӕ ӕрцыд мигъы хуызӕн цӕджындз+ ӕмӕ-иу цатыры бахизӕны раз ӕрлӕууыд, ӕмӕ-иу Хуыцау Моисеимӕ ныхас кодта+.

  • Нымӕцтӕ 12:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Уый фӕстӕ Йегъовӕ ӕрцыди мигъы хуызӕн цӕджындзы+, ӕрлӕууыд цатыры бахизӕны раз ӕмӕ Аарон ӕмӕ Мариаммӕ фӕдзырдта. Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр размӕ рацыдысты.

  • Нымӕцтӕ 14:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Ӕмӕ уый тыххӕй радзурдзысты уыцы зӕххы цӕрджытӕн дӕр. Уыдон та йӕ фехъуыстой, ды, о Йегъовӕ, ацы адӕмы ’хсӕн кӕй дӕ+, ӕргом сӕм кӕй фӕзыныс+. Фехъуыстой йӕ, ды сын, о Йегъовӕ, сӕ сӕрмӕ мигъ кӕй ӕрлӕууын кӕныс ӕмӕ бонӕй сӕ разӕй мигъы хуызӕн цӕджындзы кӕй фӕцӕуыс, ӕхсӕвы та – арты хуызӕн цӕджындзы+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын