Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Нымӕцтӕ 14:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 „Йегъовӕ мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны+, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт+, хатыр кӕны рӕдыд дӕр ӕмӕ фыдракӕнд дӕр+, фӕлӕ, аххосджын чи у, уый ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн+, фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй бафхӕры сӕ фыртты, ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг“+.

  • Дыккаг закъон 5:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Чи мӕ уарзы ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн та хай кӕнын ме ’нувыд уарзтӕй суанг мин фӕлтӕрмӕ дӕр+.

  • Нееми 9:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Нӕ сӕ фӕндыд дӕумӕ хъусын+, ферох сӕ сты+, уыдоны тыххӕй кӕй сарӕзтай, уыцы диссӕгтӕ. Схивӕнд сты+ ӕмӕ сӕхицӕн хицау сӕвӕрдтой+, цӕмӕй фӕстӕмӕ Египетмӕ, цагъартӕ кӕм уыдысты, уырдӕм аздӕхтаиккой. Фӕлӕ ды хатыргӕнаг+, тӕригъӕдгӕнаг+ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау дӕ, ды мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕныс+, ӕгӕрон+ у де ’нувыд уарзт, ӕмӕ сӕ нӕ ныууагътай+.

  • Псалом 86:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Фӕлӕ ды, о Йегъовӕ, ды дӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау+,

      Мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕныс+, ӕгӕрон у де ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр дӕ раст+.

  • Йереми 32:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Ды де ’нувыд уарзтӕй хай кӕныс минтӕн+, фыдӕлтӕн сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ фӕстӕ бафидыс сӕ фырттӕн*+. Ды дӕ ӕцӕг Хуыцау, стыр+ ӕмӕ хъомысджын+ Хуыцау, дӕ ном+ у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+.

  • Иоил 2:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Уӕ уӕлӕдарӕс+ нӕ, фӕлӕ уӕ зӕрдӕтӕ скъуыдтӕ кӕнут+. Раздӕхут уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ, уымӕн ӕмӕ уый у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны+, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт+, ӕмӕ, йӕ адӕмыл цы бӕллӕх ӕруадзинаг у, ууыл фӕфӕсмон кӕндзӕн+.

  • Ионӕ 4:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ йын загъта: «Охх, Йегъовӕ, мӕхи зӕххыл ма куы уыдтӕн, уӕд дӕр уый нӕ дзырдтон? Фарсисмӕ дӕр фыццаг уый тыххӕй куы алыгътӕн+. Зыдтон ӕй, ды тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау дӕ, мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕныс, де ’нувыд уарзт ӕгӕрон у+ ӕмӕ, бӕллӕх ӕруадзинаг кӕй уыдтӕ, ууыл фӕфӕсмон кӕндзынӕ+.

  • Наум 1:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Йегъовӕ мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны+ ӕмӕ стыр тыхы хицау у+. Йегъовӕ ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн+.

      Тыхдымгӕйыл ӕмӕ уадыл акодта йӕ фӕндаг, мигътӕ йӕ къӕхты бын сты зӕххы рыгау+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын