Псалом 17:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 Ды мын ныккастӕ мӕ зӕрдӕмӕ, ӕхсӕвыгон мӕ басгӕрстай+,Ссыгъдӕг мӕ кодтай. Ды фендзынӕ, мӕ зӕрдӕйы кӕй нӕ уыди ӕвзӕр фӕнд+.Ӕз ме ’взагӕй тӕригъӕд нӕ ракӕндзынӕн+. Псалом 26:2 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 Ныккӕс мын мӕ зӕрдӕмӕ, о Йегъовӕ, ӕмӕ мӕ бафӕлвар+.Ссыгъдӕг мын кӕн мӕ уыргтӕ* ӕмӕ мӕ зӕрдӕ+. Псалом 66:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Ды нын ныккастӕ нӕ зӕрдӕтӕм, о Хуыцау+,Ӕвзист куыд ссыгъдӕг кӕнынц, афтӕ нӕ ссыгъдӕг кодтай+.
3 Ды мын ныккастӕ мӕ зӕрдӕмӕ, ӕхсӕвыгон мӕ басгӕрстай+,Ссыгъдӕг мӕ кодтай. Ды фендзынӕ, мӕ зӕрдӕйы кӕй нӕ уыди ӕвзӕр фӕнд+.Ӕз ме ’взагӕй тӕригъӕд нӕ ракӕндзынӕн+.