Псалом 33:2 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн дыууадӕстӕнон* фӕндырыл+,Дӕстӕнон хъисфӕндыры цагъдмӕ йын зарут+. Псалом 81:2 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 Ӕрцӕгъдут+, райсут дала+,Зӕрдӕрӕвдауӕг дыууадӕстӕнон фӕндыр ӕмӕ хъисфӕндыр+. Псалом 149:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 Кафгӕйӕ йын кадджын кӕнут йӕ ном+.Зарут ын далайы ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыры цагъдмӕ+.