Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Псалом 2:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  9 Ды сӕ ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй ныппырх кӕндзынӕ+,

      Ӕлыг мигӕнӕнау сӕ базгъӕлӕнтӕ кӕндзынӕ»+.

  • Псалом 45:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  4 Дӕ намысимӕ тындз уӕлахизмӕ+.

      Ӕцӕгдзинад, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинады номыл дӕ бӕхыл бадгӕйӕ размӕ бырс+,

      Ӕмӕ дын дӕ рахиз къух равдисдзӕн, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ+.

  • Псалом 45:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  5 Дӕ цыргъ фаттӕ ахизынц паддзахы знӕгты зӕрдӕйы+,

      Адӕмтӕ дӕ разы хауынц+.

  • Матфейы 24:30
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 30 Уӕд Адӕймаджы Фырты+ бӕрӕггӕнӕн фӕзындзӕн арвыл, ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ* дӕр ныхъхъарӕг кӕндзысты+ ӕмӕ сӕ риу ныххойдзысты, ӕмӕ фендзысты Адӕймаджы Фырты уӕларвон мигътыл тых ӕмӕ стыр кадимӕ ӕрцӕйцӕугӕ+.

  • Лукайы 19:27
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 27 Ме знӕгты та, кӕй нӕ фӕндыд, цӕмӕй сын паддзах уон, уыдоны ардӕм ӕрбакӕнут ӕмӕ сӕ ам мӕ разы амарут“»+.

  • Раргомад 1:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Уый ӕрцӕудзӕн мигътимӕ+, ӕмӕ йӕ алчидӕр йӕхи цӕстӕй фендзӕн+. Фендзысты йӕ, чи йӕ барӕхуыста+, уыдон дӕр. Ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ* дӕр йӕ разы ӕрдиаг кӕндзысты ӕмӕ сӕхи хойдзысты+. О, афтӕ уыдзӕн. Аммен.

  • Раргомад 6:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Ӕмӕ акастӕн, ӕмӕ федтон урс бӕх+. Чи йыл бадт+, уымӕ уыди ӕрдын+. Лӕвӕрд ын ӕрцыд кадыхуд+, ӕмӕ рацыд йе знӕгтыл уӕлахиз кӕнгӕйӕ+, цӕмӕй сыл фӕуӕлахиз уа+.

  • Раргомад 11:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Фӕлӕ адӕмтӕ мӕстӕй рафыхтысты, ӕмӕ ӕрцыд дӕ судзгӕ масты бон, ӕмӕ ралӕууыд рӕстӕг мӕрдтӕн стӕрхон кӕнынӕн ӕмӕ дӕ цагъар-пехуымпартӕн+, сыгъдӕджытӕн ӕмӕ дын дӕ номӕй чи тӕрсы, уыцы хуымӕтӕг ӕмӕ номдзыд+ адӕмӕн хорзӕх+ раттынӕн ӕмӕ, зӕхх чи сафы+, уыдоны та фесафынӕн»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын