Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 19:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Синайы хох та алырдыгӕй фӕздӕг калдта+, уымӕн ӕмӕ йӕм Йегъовӕ ӕрцыд арты мидӕг+. Хохӕй калд, раст дурсудзӕн пецӕй цы фӕздӕг фӕкӕлы, ахӕм фӕздӕг+. Ӕмӕ хох ӕнӕхъӕнӕй дӕр тынг ӕнкъуысыд+.

  • Рацыд 20:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Адӕм иууылдӕр хъуыстой арвы нӕрын ӕмӕ сыкъайы уаст ӕмӕ уыдтой, арв цӕхӕртӕ куыд калы ӕмӕ хохӕй фӕздӕг куыд цӕуы. Ӕмӕ уыдӕттӕ уынгӕйӕ адӕм фыртӕссӕй барызтысты ӕмӕ, кӕм уыдысты, уым, хохӕй дардгомау, лӕугӕйӕ баззадысты+.

  • Тӕрхонгӕнджыты 5:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  4 Йегъовӕ, Сеирӕй+ куы рацӕйцыдтӕ,

      Едомы+ зӕххӕй куы рараст дӕ,

      Уӕд зӕхх ӕнкъуысыд+, арв фемӕхст+,

      Мигътӕй дон калд.

  • Псалом 29:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  6 Родау сӕ сгӕппытӕ кӕнын кӕны+,

      Ливан ӕмӕ Сирион+ – хъӕддаг галты родтау.

  • Псалом 68:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  8 Уӕд зӕхх ӕнкъуысыд+,

      Арв ӕртах кодта Хуыцауы раз+.

      Ацы хох, Синай, ӕнкъуысыд Хуыцауы раз+, Израилы Хуыцауы раз+.

  • Йереми 4:24
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 24 Ӕз акастӕн хӕхтӕм, ӕмӕ кӕсын, ӕмӕ ӕнкъуысынц, ӕмӕ къуыбыртӕ дӕр иууылдӕр змӕлынц+.

  • Аввакум 3:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Ӕрлӕууыд, ӕмӕ зӕхх нынкъуысын кодта+. Йӕ цӕст ахаста, ӕмӕ адӕмтӕ фыртӕссӕй барызтысты+.

      Ӕнусон хӕхтӕ ныппырх сты+, ӕнусон къуыбыртӕ сӕ сӕртӕ ӕруагътой+. Ахӕм сты йӕ рагон фӕндӕгтӕ.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын