Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Азфыстыты 21:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Давид Гадӕн загъта: «Тынг зын мын у! Фӕлӕ цӕйнӕфӕлтау адӕмы къухтӕм бахауон+, фӕлтау Йегъовӕйы къухмӕ бахауон+, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад тынг стыр у»+.

  • Псалом 86:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Фӕлӕ ды, о Йегъовӕ, ды дӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау+,

      Мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕныс+, ӕгӕрон у де ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр дӕ раст+.

  • Исай 55:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Фыдгӕнӕг ныууадзӕд йӕ фӕндаг+, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уый ныууадзӕд йӕ фӕндтӕ+ ӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ йӕм уый уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ+. Раздӕхӕд нӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ йын уый зӕрдиагӕй ныххатыр кӕндзӕн+.

  • 2 Коринфӕгтӕм 1:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Табу нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыдӕн+, тӕригъӕдгӕнаг+ Фыдӕн ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцауӕн+.

  • Иаковы 5:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 О, мах амондджын хонӕм, кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууыд, уыдоны+. Сымах фехъуыстат, Иов куыд фидар разынд, уый тыххӕй+, ӕмӕ зонут, Йегъовӕ хъуыддаг куыд ахицӕн кодта, уый дӕр+, ӕмӕ уый фӕрцы базыдтат, Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын