Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Самуилы 16:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Фӕлӕ Йегъовӕ Самуилӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс+, уый нӕ равзӕрстон. Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы+. Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ+, Йегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ»+.

  • 1 Паддзӕхты 8:39
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 39 уӕд-иу сӕ фехъус уӕлӕрвтӕй+, дӕ цӕрӕнбынатӕй+, ӕмӕ-иу сын ныххатыр кӕн+ ӕмӕ-иу сӕ алкӕмӕн дӕр, йӕ хъуыддӕгтӕм+ гӕсгӕ йын цы ’мбӕлы, уый ратт+, уымӕн ӕмӕ ды зоныс, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый+,– о, ӕрмӕстдӕр ды зоныс, алы адӕймаджы зӕрдӕйы дӕр цы ис, уый+,–

  • 1 Азфыстыты 28:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Ӕмӕ ды дӕр, мӕ фырт Соломон, зон+ дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ йын лӕггад кӕн+ зӕрдӕрайгӕйӕ+, дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ уӕд+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ кӕсы алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр+ ӕмӕ адӕймагӕн йӕ алы хъуыды ӕмӕ йӕ алы фӕнд дӕр базоны+. Куы йӕ агурай, уӕд ӕй ссардзынӕ*+. Куы йӕ ныууадзай+, уӕд та дӕ йӕхицӕй ӕнустӕм аппардзӕн+.

  • Псалом 17:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  3 Ды мын ныккастӕ мӕ зӕрдӕмӕ, ӕхсӕвыгон мӕ басгӕрстай+,

      Ссыгъдӕг мӕ кодтай. Ды фендзынӕ, мӕ зӕрдӕйы кӕй нӕ уыди ӕвзӕр фӕнд+.

      Ӕз ме ’взагӕй тӕригъӕд нӕ ракӕндзынӕн+.

  • Псалом 44:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Уӕд уый Хуыцау нӕ базондзӕн?+

      Уый зоны зӕрдӕйы сусӕгдзинӕдтӕ+.

  • Псалом 139:23
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 23 О Хуыцау, басгар мын мӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ базон+.

      Ныккӕс мын мӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ йӕ базон, ӕнцой мын цы нӕ дӕтты+.

  • Йереми 12:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Ды мӕ хорз зоныс, Йегъовӕ+. Ды мӕ уыныс, ды мын ныккастӕ мӕ зӕрдӕмӕ, федтай, демӕ ис ӕви нӕ+. Фӕхицӕн сӕ кӕн, фысты ӕргӕвдынмӕ куыд фӕхицӕн кӕнынц, афтӕ+, фӕхибар сӕ кӕн марӕн бонмӕ.

  • Йереми 20:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Фӕлӕ ды, о ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, лӕмбынӕг кӕсыс рӕстгӕнӕгмӕ+, ды уыныс уыргтӕ* ӕмӕ зӕрдӕ+. Тӕхуды, ӕмӕ куы фенин, мӕ маст сӕ куыд исыс+, уый, уымӕн ӕмӕ мӕ хъаст дӕумӕ фӕхӕццӕ кодтон+.

  • Дзуттӕгтӕм 4:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Ӕмӕ, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдонӕй ахӕм ницы ис, ӕмӕ йӕ ма уына+ – дзуапп кӕй разы дӕттӕм, уымӕй ӕмбӕхст ницы у, алцыдӕр ын у ӕргом+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын