Псалом 89:36 Библи – Ног дунейы тӕлмац 36 Йӕ байзӕддаг уыдзӕн ӕнустӕм+,Ӕмӕ йӕ паддзахбадӕн мӕ разы лӕудзӕн, хур цалынмӕ уа, уӕдмӕ+. Исай 9:7 Библи – Ног дунейы тӕлмац 7 Йӕ кънйазы бартӕ аххӕсдзысты дардыл+, ӕмӕ Давиды паддзахбадӕн+ ӕмӕ йӕ паддзахад уыдзысты ӕгӕрон фарнӕй* хайджын+. Йӕ паддзахад уыдзӕн фидар ӕвӕрд+ ӕмӕ лӕудзӕн раст тӕрхон+ ӕмӕ рӕстдзинады фӕрцы+, ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр. Уый бакӕндзӕн зынгзӕрдӕ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+. Лукайы 1:33 Библи – Ног дунейы тӕлмац 33 Ӕмӕ Иаковы хӕдзарвӕндагӕн ӕнустӕм уыдзӕн паддзах, ӕмӕ йӕ паддзахадӕн кӕрон никуы ’рцӕудзӕн»+. Раргомад 5:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Фӕлӕ мын хистӕр лӕгтӕй иу загъта: «Ма ку. Мӕнӕ Домбай Иудӕйы+ мыггагӕй, Давиды+ бындзӕфхад+, фӕуӕлахиз+, ӕмӕ уый сисдзӕн тыхтоны авд мыхуыры ӕмӕ йӕ байгом кӕндзӕн».
7 Йӕ кънйазы бартӕ аххӕсдзысты дардыл+, ӕмӕ Давиды паддзахбадӕн+ ӕмӕ йӕ паддзахад уыдзысты ӕгӕрон фарнӕй* хайджын+. Йӕ паддзахад уыдзӕн фидар ӕвӕрд+ ӕмӕ лӕудзӕн раст тӕрхон+ ӕмӕ рӕстдзинады фӕрцы+, ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр. Уый бакӕндзӕн зынгзӕрдӕ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+.
5 Фӕлӕ мын хистӕр лӕгтӕй иу загъта: «Ма ку. Мӕнӕ Домбай Иудӕйы+ мыггагӕй, Давиды+ бындзӕфхад+, фӕуӕлахиз+, ӕмӕ уый сисдзӕн тыхтоны авд мыхуыры ӕмӕ йӕ байгом кӕндзӕн».