Псалом 25:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ* ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау+.Тӕригъӕдджынты дӕр раст фӕндагыл уый тыххӕй аразы+. Псалом 100:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ*+.Йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм+Ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинад – фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+. Псалом 104:28 Библи – Ног дунейы тӕлмац 28 Цы сын раттыс, уый ӕрӕмбырд кӕнынц+.Байгом кӕныс дӕ къух, ӕмӕ хорздзинӕдтӕй бафсӕдынц+. Наум 1:7 Библи – Ног дунейы тӕлмац 7 Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ*+, фидар мӕсыг+ – зын сахат+. Уый зоны, йӕхи йе уазӕг чи бакӕны, уыдоны+. Матфейы 5:45 Библи – Ног дунейы тӕлмац 45 Уӕд ӕцӕгдӕр уыдзыстут уӕ уӕларвон Фыды фырттӕ+, уымӕн ӕмӕ уый йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр+. Хъуыддӕгтӕ 14:17 Библи – Ног дунейы тӕлмац 17 фӕлӕ уын уӕддӕр йӕхи ӕргом кодта, йӕ хорздзинӕдтӕй+ уӕ цух кӕй нӕ уагъта, уымӕй: лӕвӕрдта уын къӕвдатӕ+ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ, лӕвӕрдта уын парахатӕй хӕринаг ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсӕста»+. Иаковы 1:17 Библи – Ног дунейы тӕлмац 17 Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар+ дӕр у уӕлейӕ+, уымӕн ӕмӕ цӕуы, уӕларвон рухсгӕнӕнтӕ+ чи скодта ӕмӕ, аууон куыд ивы, афтӕ чи нӕ ивы+, уыцы Фыдӕй.
5 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ*+.Йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм+Ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинад – фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+.
45 Уӕд ӕцӕгдӕр уыдзыстут уӕ уӕларвон Фыды фырттӕ+, уымӕн ӕмӕ уый йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр+.
17 фӕлӕ уын уӕддӕр йӕхи ӕргом кодта, йӕ хорздзинӕдтӕй+ уӕ цух кӕй нӕ уагъта, уымӕй: лӕвӕрдта уын къӕвдатӕ+ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ, лӕвӕрдта уын парахатӕй хӕринаг ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсӕста»+.
17 Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар+ дӕр у уӕлейӕ+, уымӕн ӕмӕ цӕуы, уӕларвон рухсгӕнӕнтӕ+ чи скодта ӕмӕ, аууон куыд ивы, афтӕ чи нӕ ивы+, уыцы Фыдӕй.