Рацыд 20:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады+, цӕмӕй бирӕ фӕцӕрай, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл+. Левит 19:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 Алчидӕр уӕ хъуамӕ тӕрса йӕ мад ӕмӕ йӕ фыдӕй+. Сабатбоны тыххӕй уын цы закъон радтон, уый ӕххӕст кӕнут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау. Ӕмбисӕндтӕ 1:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Мӕ хъӕбул*, хъус дӕ фыды зондамындмӕ+ ӕмӕ дын дӕ мад цы закъон амоны, уый ма рох кӕн+, Ефесӕгтӕм 6:1 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Сывӕллӕттӕ, уӕ ныййарджытӕм хъусут+, Хуыцауы фӕндон куыд у, афтӕ+, уымӕн ӕмӕ уый йӕ цӕсты раст у+.
3 Алчидӕр уӕ хъуамӕ тӕрса йӕ мад ӕмӕ йӕ фыдӕй+. Сабатбоны тыххӕй уын цы закъон радтон, уый ӕххӕст кӕнут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау.