Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Левит 19:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Хӕрам тӕрхон ма кӕнут. Мӕгуыр адӕймаджы ма хъулон кӕнут+ ӕмӕ кадджын адӕймаджы фарс ма ут+. Иннӕтӕн рӕстӕй тӕрхон кӕнут.

  • Дыккаг закъон 1:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Тӕрхон кӕнгӕйӕ макӕй хъулон кӕнут+. Байхъусут-иу хуымӕтӕг адӕймагмӕ дӕр ӕмӕ кадджын адӕймагмӕ дӕр+. Адӕмӕй ма тӕрсут+, уымӕн ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг Хуыцау у+. Исты хъуыддаг уын-иу зын равзарӕн куы уа, уӕд-иу мӕнмӕ ӕрбацӕут, ӕмӕ йӕ ӕз равзардзынӕн“+.

  • Дыккаг закъон 16:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Рӕстдзинад ма зыгъуыммӕ кӕн+. Макӕй хъулон кӕн+ ӕмӕ гӕртӕмттӕ ма ис – гӕртам зондджын адӕймаджы дӕр бакуырм кӕны+ ӕмӕ раст тӕрхонгӕнӕгӕн дӕр йӕ уынаффӕ аивын кӕны.

  • 2 Азфыстыты 19:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Уӕдӕ Йегъовӕйӕ тӕрсут+. Алы хъуыддагыл дӕр лӕмбынӕг хъуыды кӕнут+, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ хӕрамдзинад нӕй+, уый хъулон никӕй кӕны+ ӕмӕ гӕртӕмттӕ нӕ исы»+.

  • 1 Тимофеймӕ 5:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы+ раз, стӕй дын Хуыцауы ӕвзӕрст зӕдты раз фӕдзӕхсын: цалынмӕ уынаффӕ рахӕссай, уӕдмӕ-иу алцыдӕр лӕмбынӕг равзар ӕмӕ хъулон макӕй кӕн ӕмӕ афтӕмӕй, цы дын загътон, уыдӕттӕ ӕххӕст кӕн+.

  • Иаковы 2:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Уӕд иуты иннӕтӕй уӕлдӕр не ’вӕрут+ ӕмӕ, хӕрам+ тӕрхон чи кӕны+, ахӕмтӕ не свӕййут?

  • 1 Петры 1:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Ӕмӕ кӕд, алы адӕймагӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон чи кӕны+, уыцы Фыдмӕ кувут, уӕд, цалынмӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы стут+, уӕдмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ цӕрут+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын