Райдиан 4:16 Библи – Ног дунейы тӕлмац 16 Ӕмӕ Каин ацыд Йегъовӕйы разӕй+ ӕмӕ ӕрцард Ноды* зӕххыл, Едемӕй скӕсӕнырдыгӕй. Рацыд 2:15 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 Уӕдмӕ хабар фехъуыста фараон дӕр, ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй Моисейы амарой+. Фӕлӕ Моисей фараонӕй алыгъд+ ӕмӕ ӕрцыд Мадиамы зӕхмӕ+, ам ӕрцӕрон, зӕгъгӕ. Уырдӕм куы ’рхӕццӕ, уӕд иу ран цъайы цур ӕрбадт. 1 Самуилы 27:1 Библи – Ног дунейы тӕлмац 27 Фӕлӕ Давид йӕхицӕн загъта: «Саул мӕ уӕддӕр афтӕ нӕ ныууадздзӕн, иу бон мӕ амардзӕн. Гъемӕ фӕлтау мӕхи филистимӕгты+ зӕхмӕ айсон+. Уӕд Саулы мӕн ссарыны ныфс нал уыдзӕн ӕмӕ мӕ Израилы алы къуымты нал агурдзӕн+, ӕмӕ йӕ къухӕй фервӕздзынӕн». 1 Паддзӕхты 19:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Уӕд Илийа сыстад, бахордта ӕмӕ банызта. Хъарутӕ та йӕм фӕзынд, ӕмӕ цыппор боны+ ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы фӕцыд Хоривы+ онг, ӕцӕг Хуыцауы хохы онг.
15 Уӕдмӕ хабар фехъуыста фараон дӕр, ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй Моисейы амарой+. Фӕлӕ Моисей фараонӕй алыгъд+ ӕмӕ ӕрцыд Мадиамы зӕхмӕ+, ам ӕрцӕрон, зӕгъгӕ. Уырдӕм куы ’рхӕццӕ, уӕд иу ран цъайы цур ӕрбадт.
27 Фӕлӕ Давид йӕхицӕн загъта: «Саул мӕ уӕддӕр афтӕ нӕ ныууадздзӕн, иу бон мӕ амардзӕн. Гъемӕ фӕлтау мӕхи филистимӕгты+ зӕхмӕ айсон+. Уӕд Саулы мӕн ссарыны ныфс нал уыдзӕн ӕмӕ мӕ Израилы алы къуымты нал агурдзӕн+, ӕмӕ йӕ къухӕй фервӕздзынӕн».
8 Уӕд Илийа сыстад, бахордта ӕмӕ банызта. Хъарутӕ та йӕм фӕзынд, ӕмӕ цыппор боны+ ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы фӕцыд Хоривы+ онг, ӕцӕг Хуыцауы хохы онг.