Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Левит 10:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 «Ӕмбырды цатырмӕ куы цӕуат, уӕд ма нуазут мадӕр сӕн, мадӕр карз нозт+,– дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фырттӕ дӕр,– цӕмӕй ма амӕлат. Уый у закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр,

  • Есфир 3:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Паддзахы ныхасмӕ гӕсгӕ хабархӕсджытӕ фӕтагъд кодтой ӕмӕ араст сты+. Уӕдмӕ уыцы закъон Сузӕйы+ галуаны дӕр фехъусын кодтой. Ӕмӕ паддзах ӕмӕ Аман нуазыныл ӕрбадтысты+, Сузӕйы горӕты+ цӕрджытӕ та катайы бацыдысты+.

  • Екклесиаст 10:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Амондджын уыдзынӕ, бӕстӕ, дӕ паддзах уӕздан мыггагӕй куы уа ӕмӕ-иу дӕ кънйӕзтӕ фынгыл, кӕд ӕмбӕлы, уӕд куы ’рбадой, ӕмӕ уый тыххӕй нӕ, цӕмӕй нозтӕй сӕхи феной, фӕлӕ цӕмӕй бахӕрой ӕмӕ сӕм хъару уа+.

  • Исай 28:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Ӕмӕ адон дӕр сӕны тыххӕй сӕ фӕндагӕй адзӕгъӕл сты, карз нозты аххосӕй рахау-бахау кӕнынц. Сауджын ӕмӕ пехуымпар+ карз нозты аххосӕй сӕ фӕндагӕй адзӕгъӕл сты, сӕн сын сӕ зонд схӕццӕ кодта, карз нозты аххосӕй рахау-бахау кӕнынц+. Сӕ цӕстылуайӕнты схӕццӕтӕ сты, уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ дӕр цудтытӕ кӕнынц.

  • Данел 5:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Иууылдӕр сӕн нызтой ӕмӕ сызгъӕринӕй, ӕвзистӕй, ӕрхуыйӕ, ӕфсӕйнагӕй, хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕутты кадджын кодтой+.

  • Оси 4:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Хӕтындзинад, зӕронд сӕн ӕмӕ ног сӕн адӕймагӕн йӕ зонд фӕцӕуын кӕнынц*+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын