Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Тӕрхонгӕнджыты 13:23
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 23 Фӕлӕ йын йӕ ус загъта: «Йегъовӕ нӕ маргӕ куы кодтаид, уӕд нын нӕ къухӕй судзинаг нывонд ӕмӕ хоры кувинаг нӕ айстаид+, стӕй нын ацы диссӕгтӕ нӕ равдыстаид ӕмӕ, цытӕ фехъуыстам, уыдӕттӕ дӕр нын нӕ фехъусын кодтаид»+.

  • 1 Самуилы 25:31
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 31 Мӕ буц хицау, дзӕгъӕлы туг ма ныккал+ ӕмӕ дӕ маст дӕхи къухӕй ма райс+, цӕмӕй стӕй дӕхи фӕсмонӕй ма хӕрай. Йегъовӕ мӕ буц хицауӕн хорздзинад ракӕндзӕн, ӕмӕ ды дӕ цагъар-сылгоймаджы ӕрхъуыды кӕндзынӕ»+.

  • 2 Самуилы 20:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Уӕд сӕм горӕты къулӕй иу куырыхон сылгоймаг+ рахъӕр кодта: «Райхъусут-ма, хорз адӕм! Райхъусут! Уӕ хорзӕхӕй, Иоавӕн-ма зӕгъут, ардӕм-ма ӕрбацу, демӕ мӕ ныхасаг ис, зӕгъгӕ».

  • Есфир 5:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 кӕд паддзахы хорзӕх ссардтон+ ӕмӕ кӕд паддзах разы у мӕ курдиат сӕххӕст кӕныныл ӕмӕ мӕ цы фӕнды, уый саразыныл, уӕд паддзах Аманимӕ ӕрбацӕуӕд, райсом сын цы куывд скӕндзынӕн, уырдӕм, ӕмӕ мӕ цы хъӕуы, уый паддзахӕн райсом зӕгъдзынӕн»+.

  • Псалом 68:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Йегъовӕ йӕхӕдӕг зӕгъы ныхас+.

      Хорз хабар чи хӕссы, уыцы сылгоймӕгтӕ сты ӕнӕхъӕн ӕфсад+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 31:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 31 Паддзах Лемуилы ныхӕстӕ, йӕ мад ын зонд амонгӕйӕ кӕй загъта+, уыцы ахсджиаг ныхӕстӕ+.

  • Хъуыддӕгтӕ 18:26
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 Аполлос ӕмбырдгӕнӕны ныфсджынӕй дзурын райдыдта, ӕмӕ йӕ Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕ+ куы фехъуыстой, уӕд ӕй семӕ ракодтой ӕмӕ йын Хуыцауы фӕндаг бӕлвырддӕр бамбарын кодтой.

  • Титмӕ 2:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Афтӕ ацӕргӕ сылгоймӕгтӕ+ дӕр хъуамӕ уой ӕгъдауджын, макӕй фыдкой кӕной+, ма уой нозтмӕ* ӕмхиц, иннӕты ахуыр кӕной, хорз цы у, ууыл,

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын