Дыккаг закъон 6:7 Библи – Ног дунейы тӕлмац 7 Ӕмӕ сӕ арф нывӕр дӕ сывӕллоны*+ зӕрдӕйы, дзур сыл, хӕдзары куы бадай, фӕндагыл куы цӕуай, куы-иу схуыссай+ ӕмӕ-иу куы сыстай, уӕд. Псалом 34:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Рацӕут, мӕ хъӕбултӕ, ӕмӕ мӕм байхъусут+,Йегъовӕйӕ тӕрсын цы у, уый уын бамбарын кӕндзынӕн+. Ӕмбисӕндтӕ 1:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Мӕ хъӕбул*, хъус дӕ фыды зондамындмӕ+ ӕмӕ дын дӕ мад цы закъон амоны, уый ма рох кӕн+, Ӕмбисӕндтӕ 19:20 Библи – Ног дунейы тӕлмац 20 Уынаффӕмӕ хъус ӕмӕ зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ ис+, цӕмӕй дӕ зондджын адӕймаг рауайа+. Ефесӕгтӕм 6:1 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Сывӕллӕттӕ, уӕ ныййарджытӕм хъусут+, Хуыцауы фӕндон куыд у, афтӕ+, уымӕн ӕмӕ уый йӕ цӕсты раст у+.
7 Ӕмӕ сӕ арф нывӕр дӕ сывӕллоны*+ зӕрдӕйы, дзур сыл, хӕдзары куы бадай, фӕндагыл куы цӕуай, куы-иу схуыссай+ ӕмӕ-иу куы сыстай, уӕд.