Исай 16:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Дыргъдоны циндзинад ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад нал ис. Сӕнӕфсирдӕттӕй цины хъӕлӕба ӕмӕ цины хъӕр нал хъуысы+. Сӕндуцӕнты сӕнӕфсир ничиуал цъӕл кӕны+. Ӕз сын сӕ цины хъӕртӕн кӕрон скодтон+. Исай 32:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 Уӕхи хойут ӕмӕ хъарӕг кӕнут+ уӕ хъӕздыг зӕххытыл+ ӕмӕ уӕ дыргъджын сӕнӕфсирбӕлӕстыл. Амос 5:17 Библи – Ног дунейы тӕлмац 17 „Хъарӕг цӕудзӕн сӕнӕфсирдӕттӕй дӕр+, уымӕн ӕмӕ ӕз уе ’хсӕнты ацӕудзынӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ.
10 Дыргъдоны циндзинад ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад нал ис. Сӕнӕфсирдӕттӕй цины хъӕлӕба ӕмӕ цины хъӕр нал хъуысы+. Сӕндуцӕнты сӕнӕфсир ничиуал цъӕл кӕны+. Ӕз сын сӕ цины хъӕртӕн кӕрон скодтон+.