Дыккаг закъон 32:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Уый у Къӕдзӕх, йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау+,Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст+.Уый у ӕнувыд Хуыцау+, хӕрамӕй йӕм ницы ис+.Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау+. Дыккаг закъон 32:31 Библи – Ног дунейы тӕлмац 31 (Уымӕн ӕмӕ махӕн цы Къӕдзӕх ис, уыдоны къӕдзӕх ахӕм нӕу+,Ӕмӕ ууыл не знӕгтӕ дӕр сӕттынц)+. 1 Самуилы 2:2 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 Ничи у Йегъовӕйы хуызӕн сыгъдӕг. Ничи у дӕу хуызӕн+.Нӕй нӕ Хуыцауы хуызӕн фидар къӕдзӕх+.
4 Уый у Къӕдзӕх, йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау+,Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст+.Уый у ӕнувыд Хуыцау+, хӕрамӕй йӕм ницы ис+.Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау+.