Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Исай 6:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Уӕд ӕз бафарстон: «О Йегъовӕ, кӕдмӕ уыдзӕн афтӕ?»+ Уый мын загъта: «Цалынмӕ горӕттӕ нӕ ныппырх уой, цӕрӕг дзы куыд нал баззайа, хӕдзӕртты иу адӕймаг дӕр куыд нал уа ӕмӕ цалынмӕ зӕхх дӕр ӕдзӕрӕг быдыр нӕ феста+,

  • Исай 17:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Уыцы бон йӕ фидаргонд горӕттӕ уыдзысты, хъӕды астӕу рох бынат куыд уа, афтӕ, Израилы фыртты тыххӕй кӕй ныууагътой, ахӕм къалиуы хуызӕн, ӕмӕ уыцы зӕхх суыдзӕн ӕдзӕрӕг бӕстӕ+.

  • Йереми 26:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 «Иухатт Иудӕйы+ паддзах Езекийы рӕстӕджы морешефаг+ Михей+ пехуымпариуӕг кодта ӕмӕ ӕппӕт Иудӕйы адӕмӕн дзырдта: „Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Сион бахуым кӕндзысты, быдыр куыд бахуым кӕнынц, афтӕ+, ӕмӕ Иерусалимӕй дур дурыл нал баззайдзӕн+, Хуыцауы хӕдзар цы хохыл ис, уый та схъӕд уыдзӕн“+.

  • Йеремийы хъарӕг 2:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  5 Йегъовӕ сси знаджы хуызӕн+. Израилы аныхъуырдта+.

      Аныхъуырдта йын йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ иууылдӕр+. Йӕ фидаргонд горӕттӕ ныппырх кодта+.

      Иудӕйы чызгӕн афтӕ бакодта, ӕмӕ кӕуынӕй ӕмӕ хъарджытӕ кӕнынӕй не ’нцайы+.

  • Йезекил 36:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 уымӕ гӕсгӕ, о Израилы хӕхтӕ+, байхъусут Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы ныхасмӕ! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ хӕхтӕн ӕмӕ къуыбыртӕн, цӕугӕдӕттӕн ӕмӕ дӕлвӕзтӕн, ӕдзӕрӕг хӕлддзӕгтӕн+ ӕмӕ, дзӕгъӕл чи баззад, уыцы горӕттӕн – сӕ алыварс цы адӕмтӕ баззад, уыдоны амӕттаг чи баци ӕмӕ кӕуыл худынц, уыцы горӕттӕн+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын