Исай 11:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 Уый адӕмтӕн сӕвӕрдзӕн амонӕн цӕджындз ӕмӕ, Израилы адӕмӕй алырдӕмты чи ныппырх, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзӕн+. Иудӕйы адӕмӕй чи ныххӕлиу, уыдоны ӕрбамбырд кӕндзӕн зӕххы цыппар кӕронӕй+. Исай 49:22 Библи – Ног дунейы тӕлмац 22 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: «Ӕз мӕ къух сисдзынӕн, цӕмӕй йӕ адӕмтӕ феной+, сӕвӕрдзынӕн амонӕн цӕджындз+, цӕмӕй йӕ феной адӕмыхӕттытӕ. Ӕмӕ дын уыдон дӕ фыртты сӕ хъӕбысы ӕрбахӕсдзысты, дӕ чызджыты дын хӕсдзысты се уӕхсчытыл+. Исай 62:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Рахизут, кулдуарӕй ӕддӕмӕ рахизут! Адӕмӕн сӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕнут+. Саразут фӕндаг! Дуртӕй йӕ асыгъдӕг кӕнут+. Адӕмтӕн сӕвӕрут амонӕн цӕджындз+.
12 Уый адӕмтӕн сӕвӕрдзӕн амонӕн цӕджындз ӕмӕ, Израилы адӕмӕй алырдӕмты чи ныппырх, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзӕн+. Иудӕйы адӕмӕй чи ныххӕлиу, уыдоны ӕрбамбырд кӕндзӕн зӕххы цыппар кӕронӕй+.
22 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: «Ӕз мӕ къух сисдзынӕн, цӕмӕй йӕ адӕмтӕ феной+, сӕвӕрдзынӕн амонӕн цӕджындз+, цӕмӕй йӕ феной адӕмыхӕттытӕ. Ӕмӕ дын уыдон дӕ фыртты сӕ хъӕбысы ӕрбахӕсдзысты, дӕ чызджыты дын хӕсдзысты се уӕхсчытыл+.
10 Рахизут, кулдуарӕй ӕддӕмӕ рахизут! Адӕмӕн сӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕнут+. Саразут фӕндаг! Дуртӕй йӕ асыгъдӕг кӕнут+. Адӕмтӕн сӕвӕрут амонӕн цӕджындз+.